филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:12 пятница, 19 апреля 2024
29 сентября 2022, 10:55
Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы сæрмагонд программæ «Зæрдæйæ зæрдæмæ»

Уымæ гæсгæ хъæуты чи цæры, уыцы бинонтæн лæвар кæнынц стурвос

«Зæрдæйæ зæрдæмæ». Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы сæрмагонд программæ. Уымæ гæсгæ хъæуты чи цæры, уыцы бинонтæн лæвар кæнынц стурвос. Программæ царды уадзынц 8 азы. Уыцы рæстæгмæ æххуыс райстой 300 бинонтæй фылдæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æхсыр, цыхт, æхсырысæртæ æмæ къæдор. Хаматы бинонтæ афæдзæй фылдæр пайда кæнынц æрмæст хæрзхъæд æхсыры продукттæй. Хъуг Мартæйы бинонтæн  балæвар кодтой адæмон фронты æмæ бирæсывæллонджын бинонты иугонды минæвæрттæ акци «Зæрдæйæ зæрдæмæ» æххæстгæнгæйæ. Хаматæн ис чысыл хæдзарад. Мартæйы фæрцы та ма сæ бон у æхца дæр бакусын – æхсыр бирæ ис, æмæ йæ сыхæгтæ зæрдиагæй æлхæнынц.

Зæрдæйæ зæрдæмæ Хаматы бинонтæ дæттынц сæ фыццаг роды æндæр бинонтæн. Цæрæкты Зæлинæйæн ахæм лæвар æхсызгон у. Фæсидт бирæсывæллонджын бинонты иугондмæ æххуысмæ. Хъуг дарын æй рагæй фæндыд. Ахæм фосимæ куыд архайын хъæуы, уый хорз зоны.

Родыл цæуы 6 мæйы. Ныр сæмбæлд йæ ног цæрæнбынатыл Хъарман-Сындзыхъæуы.

Ног ран æрбынат кодта ацы род дæр. Ууыл дæр цæуы 6 мæйы. Хъаратæм ма ис цалдæр хъуджы. Ахæм стыр хæдзарад дарын æнцон нæу, фæлæ бинонтæн хорз æнтысы.  Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æхсыр æдзухдæр хæрзхъæд вæййы.  Акци «Зæрдæйæ зæрдæмæ» æххæстгæнгæйæ Хъаратæн цы хъомты балæвар кодтой, уыдоны фыццаг родты ныр бинонтæ æрвитынц Сечермæ. Ахæм æххуыс ахсджиаг у. Бирæтæн хи хæдзарад самал кæнын сæ фадæттæ нæ амонынц.

Проект «Зæрдæйæ зæрдæмæ» царды уадзынц 8 азы. Уыцы рæстæгмæ æххуыс райстой 300 бинонтæй фылдæр. Акци дарддæр æххæстгонд цæуы. Архайын дзы сæ бон у, хъæуы чи цæры, уыцы бинонтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania