Йæ тыхы бацыд 2017-æм азы, уæдæй нырмæ сцалцæг кодтой бирæ фæзтæ
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон фæзтæ цалцæг кæнынц программæ «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ. Йæ тыхы бацыд 2017-æм азы. Уæдæй нырмæ сцалцæг кодтой бирæ фæзтæ. Æдæппæтæй – 144 æхсæнадон бынаты æмæ 380 кæрты. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы «Партион десант» арæх саразы мониторинг æмæ рабæрæг кæны куыстыты хъæндзинæдтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.
Дзæуджыхъæуы Иристонскийы уынджы адæмон сфæлдыстады галуаны районы æхсæнадон фæз сарæзтой программæ «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ. Рухсгæнæнтæ, бадæн бынæттæ, къахвæндæгтæ, хъусынгæнæн системæ æмæ афтæ дарддæр. «Иугонд Уæрæсе»-йы «Партион десант» æмæ горæты администрацийы минæвæрттæ æркастысты цъæх фæзы уавæрмæ.
Парти «Иугонд Уæрæсейы»-йы проект «Городская среда» йæ тыхы бацыд 2017-æм азы. Уæдæй нырмæ сцалцæг кодтой 600 кæртæй æмæ 150 æхсæнадон фæзæй фылдæр. Фæрæзты бæрц у 1 миллиард сомæй фылдæр. Уыдон та сты федералон, регионалон æмæ бынæттон бюджеттæй. Фонтанты фæз цалцæг кæнын райдыдтой 2021-æм азы. Фарон партийы минæвæрттæ цы рейд скодтой, уымæ гæсгæ рабæрæг, куыстытæ хорз конд кæй не сты, уый. Ныр дæр, афæдз фæстæ æрбацыдысты ацы бынатмæ æмæ куыстытæй сты разы.
Гагкайты Алиханы уынджы ног æхсæнадон фæз сцалцæг кодтой фарон. Раздæр дзы уыд фистæгвæндаг, ныр та дзы сарæзтой рæсугъд уынг. Уымæй уæлдай ма дзы цæрджыты фæндонмæ гæсгæ сарæзтой рухсгæнæнтæ æмæ бадæн бынæттæ.
Дзæуджыхъæуы 45 æхсæнадон фæзæй хъæлæстæм гæсгæ равзардзысты 18. Сцалцæг сæ кæндзысты 2024-æм азы.




