Пробаци нысан кæны уголовон-æххæстгæнæн системæйы уагдæттæй чи суæгъд, уыдоны социалон уагахаст коррекци кæнын
«Цæгат Ирыстоны æхсæнадон организациты роль пробацийы институты арæзты æмæ райрæзты». Ацы темæйыл æрныхас кодтой Æхсæнадон палатæйы.
Пробаци нысан кæны уголовон-æххæстгæнæн системæйы уагдæттæй чи суæгъд, уыдоны социалон уагахаст коррекци кæнын. Сæйраг нысан у, ахæм адæмæн баххуыс кæнын æхсæнады *хсæн цæрын æмæ ног закъонхæлдтытæ сæххæст кæныны гæнæнтæ фæкъаддæр кæнын. Пробацийы институт сфидар кæныны закъон йæ тыхы бацыд ацы аз январы. Æмбырды архайдтой Æхсæнадон палатæйы æмæ сæрибардзинадæй цух кæныны бынæтты чи ис, уыцы адæмы бартæ æххæст кæныны цæстдарæн æхсæнадон къамисы уæнгтæ, стæй республикæйы æнæкоммерцион организациты минæвæрттæ. Сæйраг темæтæ систы куысты бынæттæй æххæст кæныны, ахуырдзинад райсыны, æнæниздзинады фарстатæ. Ацы уагдæттимæ ныридæгæн бафыстой æмгуыстады 18 бадзырды.




