филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 воскресенье, 29 сентября 2024
19 марта 2020, 12:27
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы равзæрстой Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы 7-æм æмбырдмæ регионы минæвары

Æмбырды архайджыты фылдæр хай сæ хъæлæстæ радтой Лагкуты Вячеславыл

Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы равзæрстой Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы 7-æм æмбырдмæ регионы минæвары. Сусæг хъæлæс кæнынмæ хаст æрцыд æртæ кандидатурæйы – Дауыраты Эдуард, Лагкуты Вячеслав æмæ Сурен Манукянц. Æмбырды архайджыты фылдæр хай сæ хъæлæстæ радтой Лагкуты Вячеславыл. Фæбæрæг ма кæндзыстæм уый, æмæ ма Цæгат Ирыстоны бартыл Лагкуты Вячеслав кæй дзырдта, Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы дыууæ æмбырды рæстæг дæр.  Алы азты республикæйы минæвæрттæ  федералон оргæны кæй уыдысты – Тускъаты  Таймураз, Кучиты Зауыр, Бокоты Эльбрус. Фембæлды ма Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ дзырдтой, республикæмæ коронавирус ма рбауадзыны мадзæлттыл, стæй нæ регион Уæрæсейы Федерацийы конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъæлæскæныны бонмæ бацæттæ кæныныл. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania