Ахæм хæс Дзанайты Барис сæвæрдта сæрмагонд æмбырды
Цæгат Ирыстоны æхсæнадон транспорты системæйы ахадындзинад æмæ лæггæдты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын. Ахæм хæс Дзанайты Барис сæвæрдта сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы профилон ведомствоты разамонджытæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, транспортмæ цæстдарды управленийы æмæ транспортон куыстуæтты минæвæрттæ. Профилон комитеты разамонæг Захъаты Алан куыд радзырдта, афтæмæй нæ республикæйы кусынц 147 маршруты. Уыдонæй комиеты бæрны ис 88 маршруты. Уыдон та сты автотранспорты 1200 иуæджы. Премьер стыр æргом аздæхта лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ. Актуалон у транспорты куысты фæткы фарста. Дзанайты Барис фæндаггон змæлд аразæг центрæн бабар кодта домæнтæ æххæст кæнын. Уый тыххæй цæудзæн къамисæн æмæ видеоцæстдард. Транспорты комитетæн та баргонд æрцыд автортранспорты техникон уавæр сбæрæг кæнын.




