филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 воскресенье, 01 февраля 2026
04 апреля 2023, 11:02
Цæгат Ирыстоны æхсæз адæймагмæ рабæрæг кодтой фадынæг, фæлæ уыцы бæрæггæнæнтæ лабораторон уагæй нæма сфидар кодтой

Чи фæрынчын, уыдонæй æртæ сты сывæллæттæ — уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан

Цæгат Ирыстоны æхсæз адæймагмæ рабæрæг кодтой фадынæг, фæлæ уыцы бæрæггæнæнтæ лабораторон уагæй нæма сфидар кодтой. Чи фæрынчын, уыдонæй æртæ сты сывæллæттæ — уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Тыбылты Алан.  Йæ фиппаинагмæ гæсгæ, нæ республикæйы эпидемиологон уавæр зæрдæхсаинаг нæу, вирусон низты къæпхæн нæ фæуæлдæр. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ковид стационарты дзæбæх кæны 26 адæймаджы. Республикæйы прокуратурæ бæрæггæнæн мадзæлттæ сарæзта, муниципалон маршруттыл бæлццæттæласæн лæггæдтæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кæнынц, уый фæдыл. Уый фæстæ цæстдарæг оргæн рахæсдзæнис процессуалон хатдзæг — хъусын кæны ведомствæйы пресс-службæ. Уавæр равзарыны хæслæвæрд аппаратон æмбырды радта Сергей Меняйло дæр. Цæгат Ирыстоны райдыдта фыццæгæм къласмæ курдиæттæ исыны кампани. Ныридæгæн уал сæ документтæ балæвæрдтой 540 адæймаджы, уыдонæй 375 курдиат балæвæрдтой электрон хуызы — хъусын кæны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Закъонмæ гæсгæ, курдиат бадæттæн ис паддзахадон лæггæдты порталы уылты дæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania