11 июля 2024, 12:08
Цæгат Ирыстоны æмæ китайаг провинци Фуцзяны хсæн базарадон бастдзинæдты фæдыл семинар арæзт æрцыди Дзæуджыхъæуы
Фидæны æмгуыстады фæлгæты уый у фыццаг фембæлд
Коммерцион æмæ культурон æмгуыстад. Цæгат Ирыстоны æмæ китайаг провинци Фуцзяны хсæн базарадон бастдзинæдты фæдыл семинар арæзт æрцыди Дзæуджыхъæуы. Фидæны æмгуыстады фæлгæты уый у фыццаг фембæлд. Дыууæрдыгæй дæр æрныхас кодтой æддагон базарады зыилдухы фарстатыл, стæй экономикæйы фыццаджыдæр æргом аздахын цы къабæзтæм хъæуы, уыдоныл. Уыдонмæ хауынц промышленность æмæ хъæууон хæдзарад. Æмбырды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æмгуыстад райрæзын кæныны сæ размæ бирæ хæстæ æмæ нысантæ вæрд ис. Ныртæккæ сæйрагдæр у хъæрмуд æмæ хæлар ахастдзинæдтæ сфидар кæнын, уый фидæны бизнесы платформæйæн у æппæтæй ахсджиагдæр хъуыддаг.
