филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
20 мая 2021, 14:45
Цæгат Ирыстоны æмбырд кæнынц Анастасийæ Андреевайы тыххæй информаци æмæ æвдисæндартæ

Йæ ингæнмæ йын бирæ азты адæм цæуынц, æмæ дзы курынц æххуыс, кувынц æм æмæ йын арфæ кæнынц

Ирыстоныл аудæг. Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы сæрмагонд къамис æмбырд кæны Анастасийæ Андреевайы тыххæй информаци æмæ æвдисæндартæ. Йæ ингæнмæ йын бирæ азты адæм цæуынц, æмæ дзы курынц æххуыс, кувынц æм æмæ йын арфæ кæнынц. Аланийыл саргъуыды 1100 азы бæрæг кæныны фæлгæты радон хатт сног кодтой, Анастасийæйы сыгъдæг удты хыгдъмæ бахæссыны фарста. Йæ царды тыххæй бæлвырддзинæдтæ базоныныл специалисттæ архайынц 20-æм æнусы 90-æм азтæй нырмæ. Фæлæ абоны онг никæйы къухы ма бафтыди. Бæлвырддæр Касаты Наирæйы æрмæджы.

100 азмæ хæстæг сыгъдæг Ильяйы аргъуанмæ адæм цæуынц Анастасийæйы ингæнмæ. Курынц дзы æххуыс. Анастасийæ Андреевайы ном сыгъдæг удты хыгъдмæ бахæссыныл ныхас цыди бирæ азты.

Анастасийæ Андреевайы цардвæндаджы тыххæй æрмæджытæ сæмбырд кæнын æнцон хъуыддаг нæ уыди. Йæ ном кæм ис, ахæм документтæ, хъыгагæн, ничи ссардта. Райгуырди 1860-æм азы кæрон, фæцарди 60 азæй гыццыл фылдæр, йæ фæстæ баззади æрмæстдæр дзыхæй дзургæ мысинæгтæ.

Христофор Андреев уыди зындгонд меценат æмæ хæрзаудæг, Ольгинскæйы гимназæн æххæуысгæнæг. Стæм мысинæгтæм гæсгæ, йæ чызг Анастасийæ динимæ йæ цард сбаста, дыккаг хатт идæдзæй куы баззади, уæд. Йæ исбон иууылдæр байуæрста, æмæ йæ фыды стыр хæдзарæй ацæугæйæ, æрцарди Курскийы уынджы хуымæтæг хæдзары. Уый фæстæ та йæ цæрæнбынат аивта бынтондæр Тырчыбылмæ хæстæг кæлæддзаг хæдзармæ. Анастасийæмæ адæм цыдысты, цæмæй сын баххуыс кæна дзырдæй.

Хæсты фæстæ бирæ рæстæг бæрæг нæ уыди, Анастасийæ кæм ныгæд ис, уый. Ссардтой йæ адæмы мысинæгтæм гæсгæ. Бацамыдтой аргъуаны кæрты дурæй конд дзуармæ. Куыд дзурынц, афтæмæй Анастасийæ Андреева адæмы тыххæй куывта хуыцаумæ, æмæ истой æххуыс æмæ уды æнцойдзинад.

Анастасийæ Андреевайы царды тыххæй æвдисæндартæ æмæ бæлвырддзинæдтæ сбæрæг кæнынæн ахсджиаг у цыфæнды информаци дæр. Фехъусын кæнæн æй ис сыгъдæг Ильяйы аргъуаны кусджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania