филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:11 четверг, 04 июля 2024
02 июля 2024, 12:13
Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй æххæстгонд цæуынц 5 инвестицион проекты

Сты, Уæрæсейы Хицауад республикæйы экономикон рæзтæн кæй снысан кодта, уыцы моделы ахадгæ бындур

Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй æххæстгонд цæуынц 5 инвестицион проекты. Сты, Уæрæсейы Хицауад республикæйы экономикон рæзтæн кæй снысан кодта, уыцы моделы ахадгæ бындур. Ууыл дзырдтой, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым.  Проектты ис иуæндæс дæлхайады, уыдон бар дарынц туризм, транспорт æмæ хъæууон хæдзарадмæ. Æххæст бæрцæй проекттæ æркусдзысты 2030 азмæ. Мамысоны курорты уавæрыл æрдзырдта Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Моргуаты Константин. Ныртæккæ территорийы æрæвæрдтой канатон фæндаджы фыццаг цæджындз. Проект хъуаммæ æххæстгонд æрцæуа 2025-æм азы онг, йæ иумæйаг аргъ – 19 миллиард сомы. Æдæппæтæй дзы уыдзæни 3 мин кусæн бынаты. Къæхтысæры фесты конд модулон корпусты пълан æмæ райдыдтой кусын алайнаг хъæуы проектыл. Ууыл уал хардзгонд æрцыди иу миллиард æмæ рдæг. Ацы аз дæр ын радих кодтой 200 милуан сомы. Алания парчы тагъд рæстæг сцæттæ уыдзæнис канатон фæндаг. Уымæй дарддæр архайджытæ дзырдтой аграрон комплексы проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл дæр. Уыдон сты хъæрмуæтты комплекс, сæнаразæг куыстуат, агроэкологон парк стæй логистон парк Южные ворота.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania