Зæгъæн ис, æмæ ныртæккæ сæрмагондæй ацы нысантæн пайда кæнынц 20 гектарæй фылдæр зæххытæй
Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй райдыдтой хъæрмуæтты алыхуызон культурæтæ зайын кæнын. Зæгъæн ис, æмæ ныртæккæ сæрмагондæй ацы нысантæн пайда кæнынц 20 гектарæй фылдæр зæххытæй. Фæлæ нымæцтæ рæзынц. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы къабазы рæзт хорзырдæм фæзындзæн республикæйы экономикæйыл, æмæ ног технологиты парахат кæныныл. Темæйыл дарддæр дзуры Моргуаты Ладæ. Амалхъом адæмаг Жан-Пьер Лежаны компани Европæйы нымад у хуыздæрыл. Аразынц халсарты хъармуæттæ. Ныртæккæ бизнесмен Италийы нæй, фæлæ Горæтгæрон районы. Йæ цæст дары, йæ технологитæй куыд пайда кæнынц, уымæ. 7 азы размæ Мæрзойты Сосланы бафæндыд бæрзонд æмвæзады куыст кæнын, самал кодта ацы хъармуат æмæ дзы ныр исы æфтиаг.
Джитри æрзайын кæнын æнцон нæу, хъæуы йыл бирæ кусын. Фæлæ алцыдæр раст куы кæнай, уæд халсармæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæудзæн. Æрмæст хъармгæнæны конструкци æмбырдгæнгæйæ кусæнгæрзтæ хъæуы раст сифтонг кæнын уæд дзы уыдзæн пайда.
Халсарты хъармуат ифтонг у технологон автоматон кусæнгæрзтæй. Адæймаг къухфæллой дзы хъæуы æрмæтсдæр халсартæм зилгæйæ æмæ тыллæг æмбырдгæнгæйæ. Ныртæккæ къуылымпыдзинæдтæ нæй, кæд æмæ райдианты æмбæлдысты, уæд. Зæгъæн ис æмæ Сослан нæ регионы уыд фыццаг, зæрдæйæ чи баууæндыд ацы куыстыл æмæ нæ фæрæдыд. Ныр йæ фæлтæрдзинад æвгъау нæ кæны республикæйы хуымæтæг цæрджытæн.
Ирыстойнаг амалхъом адæймаджы куыстæн стыр аргъ скодта италиаг уазæг дæр. Лежан зæгъы, ахæм адæймагимæ ис æмгуыстады архайд уæрæхдæр кæнын.
Хъæууон хæдзарады министрады зæгъынц, проект царды рауадзын у республикæйы сæргълæууæджы уынаффæ. Ацы хъуыды йæм æрцыд районты хъæуты цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ. Ома йæхи цæхæрадоны халсарты куыст кæнын кæй фæнды, уыдонæн лæвар радтой хъармуæтты конструкцитæ. Æмæ сæ нымæц чысыл нæ разынд. Ацы аз ведомствæмæ æрбацыд 20 курдиатæй фылдæр. Се мбис ацыдысты конкурсы. Къамисы уæнгтæ кастысты сæ цæхæрадæтты уавæртæм.
Хъармуаты цы æрзайы, уый у æнæхимион буаргъæдтæй, уымæн дарынц дыдынбындзытæ. Бизнес-пъланмæ гæсгæ ма æнæмæнг хъуамæ хармуат дæтта æфтиаг. Уый æххстгонд куы цæуа, уæд конструкци лæвæрд цæуы адæмаджы исбонмæ.




