филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:00 воскресенье, 14 декабря 2025
06 сентября 2019, 17:53
Цæгат Ирыстоны æппæт районы ацæудзысты куысты бынæтты армукъатæ

Уый тыххæй республикæйы хицауады æмбырды фехъусын кодта куыстдæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ

Цæгат Ирыстоны æппæт районы ацæудзысты куысты бынæтты армукъатæ. Уый тыххæй республикæйы хицауады æмбырды фехъусын кодта куыстдæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ. Куыд загъта, афтæмæй армукъайы архайыны бар ис кæй фæнды, уыдонæн се ппæтæн дæр, адæймаг куыстыдæттыны комитеты хыгъды, куы нæ лæууа, уæддæр. Цæмæй республикæйы цæрджытæ зоной, фæллойы базарады адæмæн цы фадæттæ дæттынц, уый тыххæй алы районы дæр сфæнд кодтой куысты бынæтты армукъатæ скæнын. 11-æм сентябры армукъа ацæудзæн Мæздæджы районы. Радон армукъа та 25-æм сентябры уыдзæни Горæтгæрон районы. Августы ахæм мадзал уыди Алагиры районы. Архайдта дзы 7 куыстдæттæджы. Адæмы размæ рахастой 31 куысты бынаты. Ведомствæйы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны 2019-æм азы дыккаг æмбисы æгуыстадæмы нымæц нæ фæфылдæр уыдзæни.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania