филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:26 суббота, 28 сентября 2024
05 ноября 2019, 18:35
Цæгат Ирыстоны æрæмысыдысты, 1992-æм азы Горæтгæрон районы гæрзифтонг цауты рæстæг йæ цард чи радта, уыцы хъæбатырты ном

Уæрæсейы прокуратурæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ дыууæрдыгæй дæр фæмард 583 адæймаджы

Абон Цæгат Ирыстоны æрæмысыдысты, 1992-æм азы Горæтгæрон районы гæрзифтонг цауты рæстæг йæ цард чи радта, уыцы хъæбатырты ном. Уæрæсейы прокуратурæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ дыууæрдыгæй дæр фæмард 583 адæймаджы. Уæдæ мингæйттæн абон дæр сæ хъæдгæмттæ нæ байгас сты. Æбæрæгæй сæфтыл нымад сты 261. Быцæу мынæг кæнгæйæ, фæмард æмæ фæцæфтæ сты уæрæсейаг æфсæддонтæ дæр. Хъæбатырты  мемориалон комплексы мадзалы архайдтой, уыцы цауты чи архайдта, стæй Парламенты æмæ Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты фарстаты министрады минæвæрттæ. Сæ ингæнтыл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania