Ирон литературæйы æмæ пофессионалон нывкæнынады бындурæвæрæг йæ цардæй ахицæн 120 азы размæ
Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты Хетæгкаты Къостайы ном. Ирон литературæйы æмæ пофессионалон нывкæнынады бындурæвæрæг йæ цардæй ахицæн 120 азы размæ. Аив дзырды дæсны, поэт, публицист, нывгæнæг стыр æвæрæн бахаста бирæнацион уæрæсейаг литературæмæ, ныууагъта ирд фæд дунейы культурæйы историйы. Йæ мысæн бон Ирон аргъуаны пантеоны йæ ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ, ЮНЕСКО-йы залы та бæстонæй æрныхас кодтой йæ цард æмæ сфæлдыстадыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, драматург, публицист, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг. Хетæгкаты Къостайы курдиат æгæрон уыд. Йæ цардæй ахицæн 120 азы размæ, фæлæ йæ ном рох нæу. Къоста ирд фæд ныууагъта дунеон культурæйы историйы. Ирон аргъуаны пантеоны йæ ингæныл дидинджытæ сæвæрынмæ æрæмбырд сты культурæйы министрады, стæй национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министрады, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, культурæйы архайджытæ, аивадон училищæйы педагогтæ æмæ студенттæ, скъоладзаутæ. Зæлыдысты поэты уацмыстæ ирон æвзагыл.
Къостайы ном ссарыны нысанимæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы арæзт æрцыд стыр æмбырд. Архайдтой дзы культурæйы архайджытæ æмæ ахуыргæнджытæ æрмæст нæ республикæйæ нæ, фæлæ ма Хуссар Ирыстонæй, Абхазийæ, Белоруссийæ.
Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой Къостайы алывæрсыг курдиатыл. Раныхас кодтой зындгонд спикертæ дæр, æмæ йæ филологон фæндаг ныр чи райдыдта, уыцы студенттæ. Сæ хъуыды уыд иу – номдзыд поэты сфæлдыстад абон дæр йæ ахадындзинад нæ сафы.
Æмбырдæн æппæтадæмоны статус хуымæтæджы нæ уыд. Къостайы ном хъуыстгонд у республикæйæ бирæ дарддæр. Ирон адæм дзы сæ сæр бæрзæндты хæссынц, йæ ныстуантæ сын абон дæр сты царды фæндаг амонджытæ.




