Æмтгæй райсгæйæ куыд ацыдысты
Цæгат Ирыстоны æвзæрстытæ цыдысты 2 боны. Æмтгæй райсгæйæ куыд ацыдысты.
Цъопбойты Тимофей Цыколайы цæры 79 азы. Йæ уарзон хъæуы райрæзтыл йæ зæрдæ риссы. Æвзæрстытæм æрбацыд, цæмæй схъæлæс кæна Æрæфы районы минæвæртты æмбырды депутаттæм кандидатыл. Куыд зæгъы, афтæмæй депутаттыл стыр ныфсытæ дары.
3-æм æмбырды депутатты æвзæрстой Зæрæмæджы дæр. 12 кандидатæй æрмæст 7 райстой депутаты мандаттæ. Хайады куыстой цæртдарджытæ, лæмбынæг кастысты æвзарæн процессмæ.
Зæрæмæджы 2 бонмæ схъæлæс кодта 150 адæймаджы онг. Цæрджытæ ацы ахсджиаг хъуыддагмæ куыд фæндыйы цæстæй нæ кастысты, æвзæрстой сæ хъæуы фидæн. Æвзæрстыты архайдтой хистæр кары адæм æмæ фæсивæд. 15 адæймагæн æвзарæн хайадмæ сæхи бон бацæуын нæ уыд. Къамисы уæнгтæ сæм бацыдысты сæхимæ.
Цæгат Ирыстоны уыд 20 æвзарæн кампанийы. 10 – муниципалитетты минæвæртты æмбырды депутатты æвзарынæй æмæ 10 хъæуты администрациты сæргълæуджыты æвзарынæй. Æдæппæтæй хъæлæс кæнынæн байгом кодтой 38 хайады. Æртыны æхсæвæй-бонæй куыстой видеокамерæтæ. Сæйраг æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстыты рæстæг закъонхæлдтытæ нæ уыд.
Æдæппæтæй æвзæрстыты архайдта 22 мин 186 адæймаджы. Уый æвзарджытæн у сæ 65 процентæй фылдæр.




