филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:27 воскресенье, 14 декабря 2025
26 декабря 2019, 12:28
Цæгат Ирыстоны æвзонг шахматисттæ рамбылдтой сывæллæтты турнир «Цæгат Кавказы федералон зылды шахмæтты лига»-йы

Финалы ирыстойнаг спортсментæн бантыст Дагестаны командæйыл фæуæлахиз уæвын

Цæгат Ирыстоны æвзонг шахматисттæ рамбылдтой сывæллæтты турнир «Цæгат Кавказы федералон зылды шахмæтты лига»-йы. Интеллектуалон ерыстæ цыдысты 4 боны, 19-æмæй – 22-æм декабры онг, Мæхъæлы республикæйы спортивон скъолайы «Троицкæйы». Турниры архайдтой 60 адæймаджы æмæ 12 иугонд командæйы.  Ерысты фæткмæ гæсгæ алы командæйы уыди фæйнæ 5 адæймаджы. Æнæмæнг домæн та уыд – цæмæй дзы æппынкъаддæр уа иунæг чызг. Финалы ирыстойнаг спортсментæн бантыст Дагестаны командæйыл фæуæлахиз уæвын, æмæ сæйраг приз рамбулын. Уый та уыд – 80 мин сомы. Интеллектуалон ерысты лæппутæ æмæ чызджытæ сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой классикон шахмæттæй æмæ блицæй. Кæд ерысгæнджытæ æрыгæттæ уыдысты, уæддæр нæ командæйы алы архайæг дæр нымад сты Кавказы хъуыстгонд шахматисттыл. Сæ размæ æвæрынц радон нысантæ – зындгонд турнир  «Белая ладья»-йы архайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania