филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:02 пятница, 03 мая 2024
25 января 2023, 12:26
Цæгат Ирыстоны афæдзон инфлянци фарон декабры сси 11 æнæхъæны æмæ 2 дæсæм хай проценты

Уый Цæгат Кавказы федералон зылды, стæй, æмтгæй райсгæйæ, бæстæйы æмвæзадæй ныллæгдæр у

Цæгат Ирыстоны афæдзон инфлянци фарон декабры сси 11 æнæхъæны æмæ 2 дæсæм хай проценты. Уый Цæгат Кавказы федералон зылды, стæй, æмтгæй райсгæйæ, бæстæйы æмвæзадæй ныллæгдæр у. Национ банчы республикон хайады куыд зæгъынц, афтæмæй уый баст бæлвырд фактортимæ. Афтæ, ивгъуыд азы райдиан Цæгат Ирыстоны фæзынд, æхсыры продукци чи цæттæ кæны, ахæм ног куыстуат. Уый баххуыс кодта бынæттон амалхъом адæмы хъомыс фæуæрæхдæр кæнын æмæ нæлхæйы æргъты рæзт фæсындæгдæр кæнын. Уымæй уæлдай ма регионы дарддæр рæзы дыргъдарыны къабаз. Фæткъуыйы дыргъдæттæ æвæрыны инвестспроекттæ царды уадзыны фæрцы республикæйы фæткъуыты тыллæг зынгæ фæфылдæр. Афтæмæй ацы дыргъты æргътæ афæдзы дæргъы ныллæгдæр кодтой. Сындæгдæр райдыдтой зынаргъ кæнын дзидзайы алы хуызтæ æмæ дзидзайы продукци. Уый къухы бафтыд, холлæгтæ кæй фæасламдæр сты, æмæ афтæмæй фосдарджыты хæрдзтæ кæй фæкъаддæр сты, уымæ гæсгæ. Уыимæ республикæйы тагъддæр райдыдтой лæггæдты æргътæ рæзын. Уый уымæн, æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады тарифты индексаци кæй фæраздæр кодтой, стæй транспортæн техникон лæггад кæныны куыстуæтты хæрдзтæ кæй фæфылдæр сты, уымæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania