06 сентября 2019, 13:18
Цæгат Ирыстоны афæдзы кæронмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ралидзын кæндзысты сæдæ дыууын æртæ адæймаджы фæндзай цыппар фатерæй
Уыдон сты, федералон программæйы чи архайы, уыцы адæм
Цæгат Ирыстоны афæдзы кæронмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ралидзын кæндзысты сæдæ дыууын æртæ адæймаджы фæндзай цыппар фатерæй — хъусын кæны цæрæнуæттæ-коммуналон хæдзарады министрад. Уыдон сты, федералон программæйы чи архайы, уыцы адæм. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы администраци бафыста бадзырдтæ фыццаг авд хæдзары балхæныны тыххæй. Уыцы иу рæстæг аразынц конкурстæ ноджыдæр цыппор фондз фатеры балхæнынæн. Уыдон балхæныны бадзырдтæ бафыссынмæ хъавынц сентябры кæронмæ. Программæйæн æхца дæттынц регионалон æмæ бынæттон бюджетæй, стæй цæрæнуæттæ комуналон хæдзарады рацарæзты фондæй.
темæмæ гæсгæ




