филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
18 ноября 2020, 14:01
Цæгат Ирыстоны афæдзы мбисы рæстæг кусынц кассæты Регионалон центртæ

Уыдонæй 20 сты Дзæуджыхъæуы, фæйнæ иуы та районты

Пандемийæйы рæстæг цæрæнуæтты коммуналон лæггæдтæн фидыны уаг фенцондæр. Цæгат Ирыстоны афæдзы мбисы рæстæг кусынц кассæты Регионалон центртæ. Уыдонæй 20 сты Дзæуджыхъæуы, фæйнæ иуы та районты. Фиддонтæ сæхгæнæн ис куыд онлайн-хуызы, афтæ хæдзары дæр. Иумæйаг информацион центры лæггæдтæ сты бирæвæрсыг. Куыд сæ пайда кæнынц, уый тыххæй дзуры Томайты Батраз.

Пенсиисæг Хъайтыхъты Надеждæ пайда кæны кассæты регионалон центрæй, æмæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ куыстæй у разы, стæй æдас. Залы æххæст кæнынц социалон уаццаг, адæм сты маскæты. Алцы дæр дзы ис, цæмæй æнæниздзинадхъахъхъæнынады домæнтæ æххæстгонд цæуой, уый тыххæй.

Фæлæ уæддæр коронавирусы инфекци парахат кæныны рæстæг хуыздæр уаид, æппæт коммуналон лæггæдтæ хæдзарæй интернеты фæрцы фидын. Уый тыххæй сæрмагод сайт «РКЦ 15.РФ»-ы хъæуы хыгъды номыр ныффыссын æмæ равзарын, цавæр лæггадæн фидыс, уый. Фарстатæ дæм куы фæзына, уæд кусы мобилон оператор. Уый æххуысæй бадæттæн ис курдиат, цæмæй фиддонтæ хæдзары бафидай.
.
Пандемийæйы фыццаг бонты æппæт республикæйы скуыста 29 хайады. Кассæты центры директор Тебиаты Алыксандр куыд зæгъы, афтæмæй сæ лæггæдæтй фылдæр пайда кæнынц ацæргæ адæм.

Пандемийæйы фыццаг уылæн куы уыд, уæд коммуналон лæггæдты фиддонтæ 40% фæкъаддæр сты. Кæд æмæ сæ дæрддзæфмæ бафидын уыд, уæддæр. Фæлæ сæрды кæрон, низ афтæ тæссаг куы нæ уыд, уæ та сæ нымæцтæ фæфылдæр сты.

Министрады зæрдыл лæууын кæнынц, цæрæнуæтты-коммуналон лæггæдты фиддонтæ дардмæ иргъæвын нæ хъæуы. Уæлдайдæр та уымæн ис æппæт фадæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania