22 февраля 2022, 11:27
Цæгат Ирыстоны афæдзы райдианæй продуктты аргъ фæфылдæр
Республикæйы цæрджытæ куыд бæрæг кæнынц, уымæ гæсгæ уæлдай зынаргъдæр систы халсартæ, ссад, æхсыр
Цæгат Ирыстоны афæдзы райдианæй продуктты аргъ фæфылдæр. Республикæйы цæрджытæ куыд бæрæг кæнынц, уымæ гæсгæ уæлдай зынаргъдæр систы халсартæ, ссад, æхсыр. Цæгат Кавказы Федералон зылды Федералон Паддзахадон службæйы Управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ 2022 азы январы, раздæры мæйимæ абаргæйæ æргътæ фæфылдæр сты дыууæ процентмæ хæстæг. Цæмæй æргъты цыд иу гыццыл урæд æрцæуа, уый тыххæй Ирыстоны экономикон райрæзты министрад бадзырд бафыста 6 базарадон хызимæ. Уымæ гæсгæ дзы кæцыдæр продуктæ уæй кæндзысты асламдæрæй. Номхыгъдмæ хаст æрцыд 12 номхыгъды. Дуканиты сæ фенæн ис сæрмагонд стендтыл.
темæмæ гæсгæ