24 мая 2025, 10:04
Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр уаццæгтæй иуыл цæуы егъау рацарæзт
Алагир – Црау – Урсдоны трассæйыл цæуы хиды рацарæзт
Цæгат Ирыстоны ахсджиагдæр уаццæгтæй иуыл цæуы егъау рацарæзт. Алагир – Црау – Урсдоны трассæйыл цæуы хиды рацарæзт. Иу кæны республикæйы дыууæ районы. Æмæ дæсгай азтæм фыццаг хатт цæуы бындуронæй цалцæггонд. Куыстытæ райдыдтой ацы азы райдиан, æмæ цæуынц нысангонд фæткæй раздæр. Ныридæгæн сарæзтой былгæрæттæ фидаргæнæнтæ. Цæмæй фæндаггон змæлд ма *рлæууын кæной, уый тыххæй рæстæгмæ сарæзтой иувæрсты цæуæн. Сентябры хид хъуамæ сцæттæ уа. Цалцæг цæуы, национ проект «Цардæн инфраструктурæ»-мæ гæсгæ. Реконструкцийы фæстæ хиды техникон арæзт дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Цæуыны фадат ыл уый руаджы фæхуыздæр уыдзæн, фæкъаддæр уыдзысты фæндаггон змæлды хæлдтытæ дæр.
темæмæ гæсгæ




