филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:11 воскресенье, 19 мая 2024
20 апреля 2022, 11:48
Цæгат Ирыстоны ахуырады кусджыты дæсныйад уæлдæргæнæн институты ацыд, ирон литературæйы ахуырадон пособитæ æмæ программæтæ царды рауадзыны кусæг къорды æмбырд

Разамынд ын лæвæрдта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Цæгат Ирыстоны ахуырады кусджыты дæсныйад уæлдæргæнæн институты ацыд, ирон литературæйы ахуырадон пособитæ æмæ программæтæ царды рауадзыны кусæг къорды æмбырд. Разамынд ын лæвæрдта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Куыд загъта, афтæмæй, программæйы автортæ ахуырады хæрзхъæддзинадмæ æмæ ирон литературæйы рæзтмæ, æмгтæй райсгæйæ, хæссынц ахадгæ æвæрæн. Æмбырды фæлгæты иумæйагæй  æрныхас кодтой, программæйы хатдзæгтæгæнæн проектыл. Сæ хъуыдытæ загътой, республикæйы наукон æхсæнад æмæ педагогтæ, цæгатирыстойнаг периодикæйы редакторон хыгъды уæнгтæ, фысджыты цæдисы æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл национ – культурон центры  минæвæрттæ. Программæйыл куыст цыди 2021-æм азæй фæстæмæ, ахуырады федералон паддзахадон стандартты фæстаг домæнтæ хынцгæйæ. Проект аразгæйæ, хыгъд æрцыдысты, экспертон кусæг къорды чи ис, уыцы ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджыты фæндонтæ æмæ фиппаинæгтæ.

Ахуырадон æрмæгимæ  æмæ йæм цы методикон пособитæ бацæттæ кодтой, уыимæ, республикæйы скъолаты базонгæ уыдзысты ацы азы сентябры. Æмбрыды рæстæг, экспертон совет йæ хъуыдытæ загъта, Цæгат Ирыстоны скъолаты ирон литературæйы урокты хæрзхъæддзинадыл кусынæн фидæнмæ бæлвырд нысанты æмæ хæсты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania