филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:07 воскресенье, 19 мая 2024
29 марта 2023, 11:10
Цæгат Ирыстоны аивадуарзджытæм ацы сезон æнхъæлмæ кæсы бирæ æхзызгон лæвæрттæ

Апрелы кæрон рацарæзты фæстæ, кадджын уавæры байгом кæндзысты Евгений Вахтанговы хæдзар-музей

Цæгат Ирыстоны аивадуарзджытæм ацы сезон æнхъæлмæ кæсы бирæ æхзызгон лæвæрттæ. Зæгъæм, апрелы кæрон рацарæзты фæстæ, кадджын уавæры байгом кæндзысты Евгений Вахтанговы хæдзар-музей. Уыимæ ныр дæр адæмы зæрдæтæ рухс кæнынц ирд спектакльтæй. «Иван Васильевич», «Демон», «Женщины Есенина», «Золушка», «Щелкунчик», «Маскарад», «Паддзах лир»… Актертæ театрдзауты ахонынц алы дугтæм, æвдисынц сын алыхуызон хъысмæттæ, лæвар сын кæнынц бирæ æхсызгонд æнкъарæнтæ. Цы ногдзинæдтæ цæттæ кынынц Дзæуджыхъæуы театртæ ирыстойнаг театрдзауæн, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Театралон Дзæуджыхъæу æмбырд кæны сæдæгай аивадуарзджыты. Нырыккон театр йæ хуыз скалдта. Ирон æвзагыл дзурынц Шекспиры  æмæ рагæй дæр адæмæн уарзон чи сты, ахæм рагон пьесæты хъайтартæ. Уырыссаг драмон театры сценæйы та Лермонтовы Маскарад æмæ Чеховы Леший. Нырыккон афишæ цымыдисдзинад æвзæрын кæны алы театрдзаумæ дæр. Спектакль «Есенины сылгоймæгтæ» у Уырыссаг театры ирддæр премьерæтæй иу. постановкæйы æвдыст цæуынц зындгонд поэты ахастдзинæдтæ, йæ мад æмæ йæ уарзон адæймагимæ. Театры сценæйы – адæмы уарзон актертæ. Цæллаты Алан Есенины фæлгонцы, Наталья Серегина йын сарæзта йæ мады сурæт. Киситы Роберт, Бестауты Зойæ, Мария Федорович, Елена Бондаренко. Иу ныхасæй,  æрыгон актерты ног фæлтæр фыссы ног театралон истори. Ацы репетици сын у ахсджиагдæртæй иу.

Амонд, уарзондзинад, зæрдæсаст, æнæуынондзинад, æмæ ма бирæ æндæр æнкъарæнтæ. Актертæ иу спектаклы сæ зæрдæйы уылты ауадзынц, абарæн кæмæн нæй, ахæм æгæрон æнкъарæнтæ. Адæмон артисткæ Наталья Серегинайæн театримæ æнгом ахастдзинæдтæ йæ райдианæй нæ сæвзæрд. Къорд рæстæг агуырдта йæхи режиссеры. Уый та разындис Макс Циценовский. Гюгойы роман «Человек, который смеется»-йæ  Дея Наталья Серегинайæн сси сæйраг хъайтарты дунемæ йын фæндаг чи байгом кодта, ахæм сурæт.

Уырыссаг театры  труппæйæн ивгъуыд сфæлдыстадон афæдз сси премьерæты аз. Сæ ирддæртæй иу – социалон комеди – Иван Васильевич. Режиссер – Джелыты Хъазыбег зæгъы, сæ размæ хуымæтæг хæст æвæрд кæй нæ уыди, уый. Ам ахсджиаг уыди адæм экрантæй кæй федтой, уымæй гыццыл æддæдæр ацæуын, æмæ йæ классикон хуызы равдисын. Уыимæ бахъахъхъæдтой хъайтарты æппæт æууæлтæ. Ам хицæн миниуджытыл хæст ахуыргонд Тимофеев, арæхстджын давæг Милославский, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, Иван Васильевич та Киситы Роберт йæхæдæг. Артистæн сæйрагдæр уыди экраны сурæт сфæлхат кæнын нæ, фæлæ йæхи  хъайтары миддуне равдисын.

Уырыссаг театр нымад у Дзæуджыхъæуы культурон царды цæджындзтæй иуыл. Уый зыны йе ддаг бакастыл дæр. Бæстыхæйæн раздæхтой йæ раздæры хуызтæ, дарддæр дзы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Ныртæккæ реставраци кæнынц театры бацæуæн. Актертæ арæх цæуынц гастрольты. Сæхи рдыгæй æххуыс кæнынц æфсæддонтæн æмæ сæрмагонд операцийы зонæйы цæрæг сабыр цæрæг адæмæн. Театр – куыд аивады бæрзонддæр къæпхæн, адæймагæн æххуыс кæны цыфæнды зындзинæдты

Илас Æрнигон уацмыс «Челе» фыццаг хатт сæвæрдтой поэмæйы хуызы. Сæйраг хъайтар æппынæдзух кодта фæллой. Ис æм стыр хæдзарад, цалдæр хæдзары, бæхдон. Йæ царды кæрон тынг хъæздыг уæвгæйæ, Челе бамбæрста, куы амæла, уæд ыл зæрдиагæй иу адæймаг дæр кæй нæ фæрисдзæн, уый. Ныхмæлæуддзинад æмæ юморæй дзаг философон темæ. Трагикомеди, Битарты Алыксандр афтæ схуыдта поэмæйы жанр.

Ирд декорацитæ, цæугæ чи кæны, ахæм сценæ, актерты æрхъуыдыдзинæдтæ. Республикæйы адæмон артист Гуыбиаты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй дзы премьерæмæ цæттæгæнгæйæ уыди тæссаг уавæртæ дæр, фæлæ уый та адæймагæн дæтты уæлдай разæнгарддзинад.

Ирон театры режиссертæ нæ тæрсынц классикæимæ эксперементтæй. Афтæ, Паддзах Лир февзæрд 90-æм азты. Хъайтартæ архайынц уæды уæззау рæстæджы æууæлтæ равдисыныл. Уæлдай бæрнондæр та  уыди Тæбæхсæуты Балойы æмæ Уататы Бибойы фæстæ сæйраг хъайтары миддуне равдисын.

Нырыккон театр адæймаджы дисы фтауы, æрмæст размæдзыд постановкæтæй нæ, фæлæ йæ технологитæй дæр. Ирон театр Цæгат Кавказы сси фыццаг, спектакльтæ, чи нæ уыны, уыцы адæмæн дæр чи райдыдта æвдисын. Афтæмæй зæгъæн ис, æмæ Ирыстоны театралон цард у алывæрсыг æмæ цымыдисаг. Алчидæр дзы ссардзæн йæ зæрдæмæ хæстæгдæр чи у, ахæм спектакль, уыимæ дыууæ æвзагыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania