филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
15 января 2025, 11:39
Цæгат Ирыстоны амалхъомдзинады рæзтыл æрныхас кодтой Хицауады хæдзары

Стыр æргом аздæхтой паддзахадон æххуысмæ

Цæгат Ирыстоны амалхъомдзинады рæзтыл æрныхас кодтой Хицауады хæдзары. Стыр æргом аздæхтой паддзахадон æххуысмæ. Афтæ экономикон рæзты министрад ацы аз архайы, федералон проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад» царды уадзыныл. Хаст æрцыд национ проект «Ахадгæ æмæ ерысхъом экономикæмæ». Центр «Мой бизнес»-æн радих кæндзысты субсиди 19 милуан сомы онг. Уыдонæй æххуыс кæндзысты чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады субъекттæн. «Хъæууон хæдзарады рæзты» программæмæ гæсгæ паддзахадон æххуыс суыдзæн иу миллиард сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæ схардз кæндзысты хæрзмыггаг стурвосы æмæ фосдарынады къабазыл, хоры культуртæ, сæнæфсиры хуызтæ, картофы æмæ халсарты куыст кæныныл. 140 милуан сомы онг та радих кæндзысты туризмыл. Уый фадат ратдзæн 20 куысты бынаты самал кæнынæн, стæй ма æрвылаз хъæууонхæдзарадон продукци фылдæр кæнынæн дæр.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania