филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:37 суббота, 31 января 2026
31 октября 2023, 11:52
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд конференци «Алани-Ирыстоны баиу Уæрæсеимæ»

Мадзалы архайджытæн æмæ уазджытæн раарфæ кодта Сергей Меняйло

«Алани-Ирыстоны баиу Уæрæсеимæ». Ацы темæимæ баст наукон-практикон конференци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Мадзалы архайджытæн æмæ уазджытæн раарфæ кодта Сергей Меняйло. Куыд загъта, афтæмæй 250 азы размæ Ирыстон сæххæст кодта ахсджиаг хъуыддаг – сси тыхджын паддзахады хай. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, конференци гом кæны, ацы стыр цауимæ баст мадзæлттæ. Парахатæй йæ бæрæг кæндзысты иннæ аз. Уымæй уæлдай ма 2024-æм азы бæрæг кæндзысты 2 ахсджиаг цауы – Цæгат Ирыстоны автономи арæзт куы æрцыд, уый 100 азы, стæй Дзæуджыхъæуыл 240 азы кæй æххæст кæны, уый. Конференцийы архайдта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дæр. Уый дæр загъта, ацы мадзалæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый. Наукон-практикон конференци «Алани-Ирыстоны баиу Уæрæсеимæ» арæзт æрцыд Уæрæсейы историон æхсæнады æххуысæй. Форумы архайдтой Ирыстоны, бæстæйы иннæ регионты æмæ фæсарæйнаг наукон æхсæнады минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania