Архайдтой дзы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикæйы æппæт районты минæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд конкурс-æркаст «Дæсныйады хуыздæр специалист». Архайдтой дзы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикæйы æппæт районты минæвæрттæ. Æдæппæтæй 34 адæймаджы. Цы хæслæвæрдтæ æххæст кодтой, уыдоны фæрцы сбæрæг кодтой хуыздæр зынгхуыссынгæнæджы æмæ хъалагъуры хуыздæр хицауы. Цалдæр боны фæстæ сбæрæг уыдзысты уæлахиздзаутæ. Ратдзысты сын дипломтæ æмæ кубоктæ. Профессионалон ерысты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.
Ай та уын конкурс-æркаст «дæсныдзинады хуыздæры» фыццаг къæпхæн. Архайынц дзы æртын цыппар адæймаджы. Ахæм ерыстæ аразынц алы аз, æмæ йæ саразджыты хъуыдымæ, æфтауынц зынгхуыссынгæнджыты æмæ ирвæзынгæнджыты куысты кадыл, стæй хорзырдæм зынынц, æнæнхъæлæджы уавæрты чи кусы, уыдоны цæттæдзинадыл.
Архайджытæн дæттынц алыхуызон хæслæвæрдтæ. Уыдонимæ сæрмагонд аситныл схизын, стæй цæлхдуртимæ фæндагыл азгъорын. Жюри бæрæг кæны куыд практикон, афтæ теоретикон зонындзинæдтæ. Зæгъæм, бæттæн ирвæзынгæнæн дыууæхатты æлхынцъ бакæнын хъуамæ зона æнæнхъæлæджы уавæрты министрады алы кусæг дæр.
Уæлахиздзауты нæмттæ зæгъдзысты цалдæр боны фæстæ. Жюрийы хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæрты сбæрæг кæнын се нцонтæй нæ уыдзæнис, уымæн æмæ æппæт архайджытæ дæр равдыстой профессионалон цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад. Ерысты раззагдæртæн ратдзысты дипломтæ æмæ призтæ. Уымæй уæлдай сын удызæнис Цæгат Кавказы æмæ регионалон ерысты архайыны бар.




