филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:42 понедельник, 16 июня 2025
07 мая 2025, 10:42
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд мотоциклтыл 10-æм æппæтадæмон дугъ

Баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонимæ

«Уæлахизы фæндæгтæ – намысы арт 2025». Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд мотоциклтыл 10-æм æппæтадæмон дугъ. Баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонимæ. Мадзал саразыныл бакуыстой мотоклуб «Ночные волки» æмæ æхсæнад «Знание». Дугъы архайджытæ ацыдысты, нæ республикæйæ рацæуæг хæсты хъæбатырты фæндæгтыл. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Барбашовы фæзы Æнусон арты хай райсын æмæ йæ Бресты фидармæ фæхæццæ кæнын. Ахæм у, мотоциклтыл 10-æм юбилейон дугъ «Уæлахизы фæндæгтæ – намысы арт»-ы нысан. Мотоклуб «Ночные волки»-йы архайджытæ йæ бацæттæ кодтой Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн. Байкертæ сæвæрдтой дидинджытæ æфсымæрон ингæныл. Уазджытæн сарæзтой экскурси мемориалон комплексы.

Дугъ райдыдта Мæскуыйы, æмæ фæуыдзæн Бресты. Мотоциклисттæ ныридæгæн æрзылдысты Кубаныл, Хъырымыл, Запорожьейы облæстыл. Петр Барбашовæн цыртдзæвæн ма у – иу ахсджиаг бынат. Архайджытæ маршрут адих кодтой 3 къæпхæныл. Фæндаг цæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историимæ баст бынæттыуылты. Цæгат Ирыстоны дугъы архайджытæ бабæрæг кодтой Архонкæйы скъола.

Скъоладзауты равдыст се *ппæты зæрдæмæ дæр фæцыд. Байкертæ куыд зæгъынц, афтæмæй сыл афтæ æхсызгонæй кæй сæмбæлдзысты, уый æнхъæл нæ уыдысты.

Патриотон мадзалы аразджытæ сты æхсæнад «Знание»-йы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстонæй мотоклубы уæнгтæ абалц кодтой Кæсæг-Балхъармæ. 9-æм майы мотоциклисттæ бахæццæ уыдзысты Пятигорскмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania