филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
02 января 2021, 22:10
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон мæ зæрдæйы»

Ацы хатт йæ архайджыты куыстытæм каст цыд онлайн хуызы

Сбæрæг сты хуыздæртæ. Хæрзаудæн фонд «ФАРН»-ы бындурæвæрæг Мæхъиты Зурабы фæрцы 4-æм хатт Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон мæ зæрдæйы». Ацы хатт йæ архайджыты куыстытæм каст цыд онлайн хуызы. Иннæ азтимæ абаргæйæ, кæд ацы хатт конкурсы архайджыты нымæц къаддæр уыд, уæддæр дзы алы номинацийы дæр архайджытæ дзæвгар уыд. Лæмбынæгдæр нæ уæлахиздзаутимæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

29-æм скъолайы фыццæгæм къласы ахуырдзау София Черняковайы куыст фыццаг бынат бацахста номинацитæ «Хуыздæр ныв»-ы. Уæвгæ  «Мадæлон æвзагыл фыст хуыздæр эссе», «Хуыздæр хи фыст æмдзæвгæ æмæ нывæцæн»- сæхи фæлвæрдтой Ирыстоны цæрæг алы адæмы хæттыты минæвæрттæ.

Ацы аз мадзалы архайын бафæндыд 500 скъоладзауы куыд горæты, афтæ республикæйы районтæй дæр. Проекты сæйраг нысан у мадæлон æвзаджы райрæзтыл кусын æмæ курдиатджын фæсивæды рабæрæг кæнын. Сфæлдыстадон конкурс саразæг у хæрзаудæн фонд «Фарн». Æрвыл аз уæлахиздзаутæн лæвæрдтæ  радты фонды бындурæвæрæг, Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб.

Фæлæ ацы хатт эпидемиологон уавæр хынцгæйæ уæлахиздзаутæй Дзæуджыхъæуы скъолаты чи ахуыр кæны, уыдон схорзæхджын кодтой сæ ахуыргæнæндæдты.  Сæ иу Калоты Георгий. Уый фыццаг бынат бацахста Иронау æмдзæвгæ ныффысджыты астæу.

Георгий мадæлон æвзагмæ куыд фæныйы цæстæй нæ кæсы, уымæн ын æххуыс у йæ мад Дзæуджыхъæуы цыппæрæм гимназы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг  Калоты Зæлинæ.

Районты минæвæртты та æрбахуыдтой парти  Иугонд Уæрсейы исæнуатмæ. Уæвгæ ацы конкурсы ахадындзинад рæстæг бавдыста. Цыппар азмæ дзы бацархайдта бирæ фæсивæд. Ныр иу азæй иннæмæ сæхи фæцæттæ кæнынц æмæ фенхъæлмæ кæсынц конкурсмæ.

Гъе афтæмæй ахицæн цыппæрæм сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон мæ зæрдæ»-йы. Радон хатт та Ирыстоны дзыллæтты хсæн раиртæста мадæлон æвзагмæ æмхиц фæсивæд. Радта сын ныфс дæрддæр ыл кусынæн. Мæхъийы фырты лæвæрттæ та сын сæ зæрдæтæй фæцух кæнын нæ бауаддзысты конкурсы ахадындзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania