филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
11 января 2022, 11:24
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд сывæллæтты сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон – мæ зæрдæ»-йы

Кæд йæ архайджыты куыстытæм каст цыд онлайн хуызы, уæддæр уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцыдысты кадджын уавæры

Сбæрæг сты хуыздæртæ. Хæрзаудæн фонд «ФАРН»-ы бындурæвæрæг Мæхъиты Зурабы фæрцы 5-æм хатт Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд сывæллæтты сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон – мæ зæрдæ»-йы. Кæд йæ архайджыты куыстытæм каст цыд онлайн хуызы, уæддæр уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцыдысты кадджын уавæры. Бæстондæр нын мадзалы кой ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Фыдыбæстæмæ уарзондзинад равдисын, мадæлон æвзаджы рæсугъддзинад иннæтæм фæхæццæ кæнын, фыдæлты æгъдæуттæ æмæ фарны тыххæй сæ хъуыды раргом кæныны фадат та уыд республикон сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон Мæ зæрдæйы» архайджытæн. Фæндзæм хатт æй аразы хæрзаудæн фонд «Фарн» æмæ Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Пандемийæйы рæстæг дæр конкурс нæ баурæдтой, арæзт цыд онлайн хуызы, йæ уæлахиздзаутæ та, хорзæгонд цыдысты сæ ахуыргæнæндæтты. Рæстæг куыд равдыста, афтæмæй йæм сывæллæттæ зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц.

Республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ жюрийы размæ рахастой 800 куысты. «Мадæлон æвзагыл фыст хуыздæр эссе»,«Хуыздæр хи фыст æмдзæвгæ æмæ нывæцæн», куыд мадæлон æвзагыл, афтæ уырыссагау дæр. Жюрийы уæнг, фыссæг, журналист Гасанты Валери, куыд зæгъы уымæ гæсгæ æхсызгон у, конкурсы архайджытæ фылдæр кæй æрбарвыстой мадæлон æвзагыл фыст æрмæджытæ, уый.

Ацы конкурсы бацархайыны фæнд скæнгæйæ, саби раргом кæны йæ уды æнкъарæнтæ, йæ зæрдæйы фæндтæ.

Йæ хъуыдытæн дæнцæгмæ дардмæ цæуын хъæуы. Конкурсы финалмæ рацæуджытæ уымæн систы æвдисæн. Алчи дæр сæ зæрдиагæй бакаст йæ ныффыст æмдзæвгæ.

Мæхъиты Зураб байхъуыста куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзæгтæй финалисттæм æмæ сын радта кады гæххæттытæ æмæ лæвæрттæ.  Мадзалы кæй ахуыргæнинæгтæ архайдтой, уыдон та  арфæ ракодтой Мæхъиты Зурабæн,  мадæлон æвзаг бахъахъæнынмæ æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй.

Канд æмдзæвгæтæ æмæ эссе ныффыссынæй нæ ерыс кодтой конкурсы архайджытæ, фæлæ ма дзы ис номинаци хуыздæр ныв кæстæркъласонты хсæн. Ам хуыздæр куыстыл нымад æрцыд Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуырдзау Газзаты Марияйы куыст. Зæрдиагæй йæ балæвар кодта конкурс саразæг Мæхъиты Зурабæн.

Фæндзæм сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон мæ зæрдæйы»-йы уæлахиздзауты рæнхъытæ та фæфылдæр сты. Радон хатт та Ирыстоны дзыллæтты хсæн раиртæста мадæлон æвзагмæ æмхиц фæсивæд. Радта сын ныфс дæрддæр ыл кусынæн. Мæхъийы фырты лæвæрттæ та сын сæ зæрдæтæй фæцух кæнын нæ бауаддзысты конкурсы ахадындзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania