Скъоладзаутæн радзырдтой, тæссаг уавæрты хи раст дарыны æгъдæуттæ
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты антитеррористон ахуыртæ. Ацыдысты республикæйы æппæт районты. Скъоладзаутæн радзырдтой, тæссаг уавæрты хи раст дарыны æгъдæуттæ. Дзæуджыхъæуы 24-æм скъолайы бацæттæ кодтой тренировкæты дыууæ сценарийы. Иу æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, ахуыргæнæндон бацахстой террористтæ. Кусджытæ æмæ ахуырдзаутæ сарæхстысты, æмæ сæхи бахъахъхъæдтой. Быцæутæ сæвæрдтой рудзгуытæм æмæ дуæрттæм. Регламентмæ гæсгæ, нæмгуытæй сæхи æмбæхстой сæ къухы бын цы уыди, уымæй. Иннæ цаумæ гæсгæ та – ахуыргæнæндоны тæссаг у срæмыгъдæй. Скъоладзуты хæс, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр бæстыхайæ рацæуын. Уæрæсейы гвардийы хъахъхъæнджытæ æмдыхæй бакуыстой æмæ цыбыр рæстæгмæ сæххæст кодтой сæ размæ вæрд хæстæ. Ахæм тренировтæкæ фадат дæттынц сывæллæтты æдасдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, стæй экстремалон уавæрты раст архайынмæ цæттæ уæвынæн. Уымæй уæлдай, куыст цæуы, ахуырты æппæт архайджыты иумæйаг архайдыл.




