филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:19 суббота, 28 сентября 2024
14 ноября 2019, 12:45
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты куырмыты бонимæ баст мадзæлттæ

Æппæтуæрæсеон æхсæнады цæгатирыстойнаг хайад сæрмагондæй бацæттæ кодта цымыдисаг концерт æмæ æндæр ирхæфсæн мадзæлттæ

Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты куырмыты бонимæ баст мадзæлттæ. Æппæтуæрæсеон æхсæнады цæгатирыстойнаг хайад сæрмагондæй бацæттæ кодта цымыдисаг концерт æмæ æндæр ирхæфсæн мадзæлттæ. Се ппæты нысан дæр уыд – æхсæнады уæнгты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын, стæй сын сæ цард фæрогдæр кæнын. Организацийы уæнгтæн æмæ уазджытæн сæ курдиат балæвар кодтой республикæйы алыхуызон ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ. Кæстæр фæлтæр уазджыты зæрдæтæ барухс кодтой национ кæфтытæй æмæ зарджытæй. Уæдæ уæлдай бузныг та фесты инструменталон ансамбль «Фæндыр»-ы аивадæй. Куырмыты æхсæнады уæнгтæн ма арфæтæ ракæнынмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы уæнгтæ, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты æмæ республикæйы профцæдисты минæврæттæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ куырмыты боны кадæн мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Цыколайы, Алагиры æмæ Беслæны дæр. Бæрæгбоны концерты фæстæ та кады грамотæ радтой клубы сгуыхт архайæг Алыккаты Асланæн. Уый цыппар хатты сси  Уæрæсейы чемпион штангæ исынæй куырмыты хсæн. Уæвгæ, куырмыты боны кадæн алыхуызон мадзæлттæ арæзт фæцæуынц алы аз дæр. Ныртæккæ организацийы хыгъды лæууы 1600 адæймаджы. Фæлæ æвзæр чи уыны, уыдоны нымæц Цæгат Ирыстоны у дзæвгар фылдæр. Уымæ гæсгæ ахæм фембæлдтыты нысантæм хауы – фылдæр æргом здахын, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы фарстатæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania