филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 воскресенье, 29 сентября 2024
12 марта 2020, 12:55
Цæгат Ирыстоны аразынц æппæт мадзæлттæ, цæмæй нæ республикæмæ коронавирус ма рбахауа, æмæ ма апарахат уа, уый тыххæй

Низ ма руадзыны мадзæлттæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй Битарты Вячеславæн оперативон штабы æмбырды рæстæг фехъусын кодта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерлан

Цæгат Ирыстоны аразынц æппæт мадзæлттæ, цæмæй нæ республикæмæ коронавирус ма рбахауа, æмæ ма апарахат уа, уый тыххæй. Низ ма руадзыны мадзæлттæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй Битарты Вячеславæн оперативон штабы æмбырды рæстæг фехъусын кодта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерлан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, медицинон куыстуæтты æртæ мæйы фаг ис вирусы ныхмæ хостæ æмæ низæй хи бахъхъахъхъæныны фæрæзтæ. Уæрæсейы æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ цæсдтарды республикон хайад та æдзухдæр бæрæг кæны, уыцы хостæ бынæттон афтекты фаг сты, æви нæ, уый. Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй æрæджы республикæмæ æрбаластой хи хъахъхъæныны фæрæзты ног парти. Æнæхъæн дунейы эпидемиологон уавæр кæй фæкарздæр, уый тыххæй контролон-уадзæн пунктты бæлвырддæр бæрæг кæнынц, паддзахадон арæны сæрты чи æрбахызт, уыцы адæмы. Арæныл фæфылдæр кодтой дохтырты номхыгъд.  Медицинон куыстуæтты та сфидар кодтой, коронавирус кæмæ рабæрæг кæной, уыцы рынчынтимæ архайды фæтк. Годжысаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, Уæллаг Ларсы цæстдарæн пункты коронавирусæй фæдызæрдыг сты æхсæз адæймагыл. Фæлæ цы иртæстытæ сарæзтой, уыдон сæм тæссаг низ нæ рабæрæг кодтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania