Дæс уæзы æмæ 250 архайæгæй фылдæр
Цæгат Ирыстоны ацыд дыууæ хатты Олимпаг чемпион Андиаты Сосланы номарæн Æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хæбысхæстæй. Дæс уæзы æмæ 250 архайæгæй фылдæр. Республикæмæ ссыдысты спортсментæ Уæрæсейы 20 регионæй. Хæбысæйхæцджыты æмбæлгæ цæттæдзинад турнир систа нæ бæстæйы бæрзонд æмвæзадмæ. Ерыстæ ацыдысты национ проект «Демографи»-йы федералон проект «Спорт – царды нормæ» æххæстгæнгæйæ. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.
Хæбысæйхæцджыты бæрзонд техникæ æмæ трибунæтыл бадæг адæмы æхсызгондзинад. Бæстæйы хуыздæр хæбысæй хæцджытæ сæмбырд сты спорты галуан «Манеж»-ы дыууæ хатты Олимпаг æмæ дунейы цыппар хатты чемпион Андиаты Сосланы номарæн турниры архайынмæ. Спортсменты, тренерты æмæ уæгъдибар хæбысхæстæн аргъгæнджыты раз раныхас кодта республикæйы парламенты сæрдар Тускаты Таймураз.
Уæгъдибар хæбысæй хæцджыты турнир цыд дыууæ боны. Дзæуджыхъæумæ ссыдысты спортсментæ Мæскуыйæ, Брянскæй, Хъырымæй, Цæгат Кавказы республикæтæй æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæй.
61 килограммы уæзы. Фыццаг хатт нæ архайдта ацы турниры. Раздæры азты дæр-иу рамбылдта йæ ныхмæлæуджыты. Ацы хатт гауызыл цы арæхстдзинад æмæ спорты бæрзæндтæм тырнындзинад равдыста, уыдон систы сызгъæрин майданы аккаг.
Мамиаты Чермены номæй машинæ уыд турниры сæрмагонд приз. Рамбылдта йæ 125 килограммы уæзы уæлахиздзау Зелимхан Хизриев. Уый машинæйы дæгъæлтæ æмæ турниры хæрзиуæг райста Республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур æмæ зындгонд хъæбысæй хæцæг Андиаты Сосланы фырт Георгийы къухтæй.
Турнир арæзт æрцыд национ проект «Спорт- царды нормæ»- йы федералон проект «Демографи» æххæстгæнгæйæ. Йæ саразджытæ уыдысты Уæрæсейы спорты министрад, республикæйы физкультурæ æмæ спорты министрад æмæ Цæгат Ирыстоны спортивон хъæбысхæсты Федераци.




