филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:55 вторник, 16 декабря 2025
14 октября 2020, 11:35
Цæгат Ирыстоны авиамоделисттæ фæуæлахиз сты Уæрæсейы Кубок рамбулыны къæпхæнты æрыгæтты хсæн

Ирыстойнаг дыууæ майданы хицæуттæ сты Авиамоделон спорты Уæрæсейы æрыгæтты иугонд командæйы уæнгтæ

Цæгат Ирыстоны авиамоделисттæ фæуæлахиз сты Уæрæсейы Кубок рамбулыны къæпхæнты  æрыгæтты хсæн. Ерыстæ цыдысты Нарткалайы. Архайдта дзы 120 адæймаджы  нæ бæстæйы 18 регионæй. Нæ командæйы уыдысты уæлæмхасæн ахуырады республикон центры минæвæрттæ Полина Полякова, Джыккайты Давид, Давид Вартанян, стæй Цыбырты  Валерий Алагиры сывæллæтты сфæлдыстады центрæй. Не  спортсментæ равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ. Уæлахиздзаутæ систы дыууæ къæпхæны.  Цыбырты Валерий  фæуæлахиз фыццаг  къæпхæны, дыккаджы та бацахста дыккаг бынат. Полина Полякова райста «æвзист майдан» фыццаг къæпхæны, дыккаджы та сси уæлахиздзау. Ирыстойнаг дыууæ майданы хицæуттæ сты Авиамоделон спорты Уæрæсейы æрыгæтты  иугонд командæйы уæнгтæ. Ныр сæхи цæттæ кæнынц Дунейы чемпионатмæ. Уыдзæн  Францийы. Ерыстæм лæппуты цæттæ кæнынц  педагогтæ Илья Поляков æмæ  Марзойты  Игорь.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania