Къоста ирон адæмы историйы цы арф фæд ныууагъта, уымæн аргъ скæнæн нæй
Ацы бонты Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц, Хетæгкаты Къостайы райгуырдæй 164 азы кæй рацыд, уый. Ирон литературæйы бындурæвæрæг, поэт, драматург, публицист, этнограф, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг. Къоста ирон адæмы историйы цы арф фæд ныууагъта, уымæн аргъ скæнæн нæй. Йæ цард цыбыр уыд, фæлæ уыд ирд, æмæ адæмы хъысмæтыл рыстæй æххæст. Йе сфæлдыстад абон дæр йæ ахадындзинад нæ сафы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Афтæ æцæг æмæ зæрдæбынæй. Цыма сценæйы Гæлæуты Анатолий нæ, фæлæ Къоста йæхæдæг ис, уый хуызæн. Йæ рыст æмæ сагъæсимæ. Поэт, йæ адæмы хъысмæтыл æмæ цардыл хъуыдыгæнгæйæ, кæй æнкъардта, уыимæ. Спектакль «Горькие рифмы»-мæ Гæлæуты Анатолий уæлдай уæлмонцимæ цæттæ кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъуыдис афтæ ахъазын, цæмæй йæхидæр бауырныдтаид. Къостайы уацмыс æрмæст бамбарын фаг нæ уыд, хъуыдис æй банкъарын.
Йе мдзæвгæты рæнхъытæ зæрдæмæ арф бахъарынц, адæймаджы хъуыдытыл бафтауынц. Хетæгкаты Къоста зыдта адæмы мæт. Гæлæуты Анатолийæн куы загътой, поэты сурæт саразын сценæйы, уæд фыццаг не сразы. Стыр бæрнондзинад уыд. Архивты куыст, бирæ репицитæ. Æмæ аивадуарджыты раз цыма Къоста æрлæууыд, афтæ.
Поэзи, прозæ, публицистикæ, нывкæнынад æмæ ма суанг географи дæр. Къоста алы хъуыддагмæ дæр дæсны уыд. Æппæтæй хуыздæр та йын уад æцæг адæймаг уæвын. Æвæццæгæн, æй уый тыххæй адæм уарзынц æгæрон уарзтæй, бирæ азты фæстæ дæр. Æмæ ма суанг поэты тыххæй йæ царды æппындæр чи нæ фехъуыста, уыдонæн дæр свæййы цымыдисаг. Дмитрий Димитров Ирыстоны æрцард 3 азы размæ. Къоста чи у, уый æнæнхъæлæджы базыдта.
Æмæ диссагæн ныр бынæттон цæрæджы хуызæн Дмитрий кæсы ирон æвзагыл. Æмбары, поэты адæммæ цы хъуыдытæ æмæ ныхæстæ фæхæццæ кæнын фæндыд, уыдонæй алкæцыдæр. Иуæй-иу æмдзæвгæтæ та йын бантыст сахуыр кæнын. Уымæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд.
Къостайы уацмыстæн сæ фылдæр сты адæмы тыххæй. Уарзта сæ сыгъдæг æмæ тыхджын уарзтæй. Ирыстонæй дарддæр уæвгæйæ, йæ Райгуырæн зæхх никуы рох кодта. Йæ зæрдæ уыд æдзухдæр ам – сабыр хъæуы, кæнæ тæлфгæ горæты. Иу дзырдæй, Ирыстоны алы къуымы дæр. Сæрмагонд бынат йæ зæрдæйы ахста Дзæуджыхъæу. Ам поэт райдыдта хæдзар аразын. Фæндыд æй ног, сабыр цард кæнын райдайын.
Фæлæ йын нæ бантыст. Йæ бæллиц аскъуыд, Къоста куы фæрынчын, уæд. Йæ хо Ольгæ йæ аласта Лабæмæ. Йæ зæрдæ дардта, уарзон хæхтæ æмæ сыгъдæг уæлдæф æй кæй адзæбæх кæндзысты. Фæлæ афтæ нæ рауад. Номдзыд поэт æнусмæ ацыд. Ирыстоны кадджын фырты йæ адæм нæ рох кæнынц. Къоста цæры йæ фæдонты зæрдæты. Поэты мысгæйæ, адæймаг æнæбары ахъуыды кæны, цымæ абон та цæй тыххæй фыстаид.
Хетæгкаты Къоста зыдта, разæй æрмæстдæр хорз фидæн уыдзæн. Йæхæдæг æй нæ федта, фæлæ йын уый ахсджиаг нæ уыд. Сæйрагдæр ын уыд, цæмæй адæм банхъæлмæ кæсой, банкъарой сæрибардзинад, æмæ сын поэты цы цард балæвар кæнын фæндыд, уымæй фæцæрой.




