филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:31 суббота, 31 января 2026
26 мая 2021, 15:29
Цæгат Ирыстоны бахыгътой æрвылазон конкурс «Афæдзы рауагъдон»-ы хатдзæгтæ

Архайдтой дзы 11-æм кълæсты 34 скъоладзауы

Хуыздæр ахуырдзау. Цæгат Ирыстоны бахыгътой æрвылазон конкурс «Афæдзы рауагъдон»-ы хатдзæгтæ. Архайдтой дзы 11-æм кълæсты 34 скъоладзауы. Фæсивæд архайдтой интеллектуалон ерысты. Сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой биологийæ, химийæ, физикæйæ, информатикæйæ æмæ математикæйæ. Уæлахиздзауты сбæрæг кодтой баллтæм гæсгæ. 5 финалистæн арфæ ракæнынмæ æрбацыди хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, конкурсы формат йæ зæрдæмæ тынг фæцыдис.

Премьер раарфæ кодта конкурс саразджытæн. 27 азы дæргъы йæ фæаразы Цæгат Ирыстоны ахуырады фарсхæцты регионалон æхсæнадон фонд «Кредо знаний». Ацы аз фæнд кæнынц географийы арæнтæ фæуæрæхдæр кæнын – Æппæт Цæгат Кавказы Федералон зылды скъоладзауты йæм сæмхиц кæнын. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ хуыздæр рауагъдоныл нымад æрцыд республикæйы физикон-математикон лицей-интернаты ахуырдзау Æрсойты Георгий. Фæбæрæг ма кæнын хъæуы уый, æмæ фондз финæлистæй цыппар кæй сты ацы ахуыргæнæндоны минæвæрттæ. Дипломтæй уæлдай ма, лауреаттæн лæвæрд æрцыд æхцайы премитæ. Уæлахиздзауы ныхæстæм гæсгæ, цы сæ схардз кæндзæн ахуырадыл. Хорзæхгонд ма æрцыдысты, конкурсантты чи бацæттæ кодта, уыцы педагогтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania