Социалон æмдзæрæны бынатæн æвзæрст æрцыд хæрзаудæн фонд «Центр 12» бæстыхайы
Цæгат Ирыстоны байгом, ахæстонæй чи суæгъд, уыцы адæмæн цæрынæн фыццаг центр. Социалон æмдзæрæны бынатæн æвзæрст æрцыд хæрзаудæн фонд «Центр 12» бæстыхайы. Кадджын мадзалы архайдтой республикæйы муфтий, пысылмæтты управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат, сæрмагонд службæты минæвæрттæ, бархионтæ. Центры цæрыны бар у лæвар. Адæм дзы цæрдзысты 3 мæйы дæргъы. Уыдон исдзысты психологон æмæ медицинон æххуыс, архайдзысты спортæй æмæ тренингты. Хæрзаудæн фонды разамонæг Гулуты Хетæг фехъусын кодта, ахæм центртæ бæстæйы иннæ регионты дæр кæй кусынц, уый. Статистикæмæ гæсгæ адæм ахæстонæй куы суæгъд вæййынц, уæд сæ размæ сæвзæры бирæ зындзинæдтæ: нæ сын вæййы цæрæн бынæттæ, куыст, хатгай та ма вæййынц хæстæджыты æххуысхъуаг. Проекты сæйраг хæс у уыцы адæмы цардмæ раздахын, баххуыс сын кæнын æхсæнады бынат ссарынæн.




