филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 28 сентября 2024
05 августа 2020, 12:24
Цæгат Ирыстоны байгом кæндзысты, алы дæсныйæдтыл хæст адæм кæм кусдзысты, ахæм бынæттæ

Ахуырадон центртæ фæзындзысты Цæгат Ирыстоны фæсивæды райрæзты фæдыл паддзахадон программæ æххстгæнгæйæ

2021-æм азы Дзæуджыхъæуы, Мæздæджы, Алагиры æмæ Æрæфы районты байгом кæндзысты, алы дæсныйæдтыл хæст адæм кæм кусдзысты, ахæм бынæттæ. Ахуырадон центртæ фæзындзысты Цæгат Ирыстоны фæсивæды райрæзты фæдыл паддзахадон программæ æххстгæнгæйæ. Уый тыххæй загъд уыд, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ фæсивæды хъуыддыгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Русланæн кусæг фембæлд куы уыд, уæд. Архайдта дзы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй фæсивæдон программæтæ хъуамæ афтæ арæзт уой, цæмæй дзы фыццаградон фарста уа экономикон, ома фæсивæд æгуыст куыд нæ уой. 

Профилон комитеты сæрдар радзырдта,  программæйы мадзæлттæ арæзт кæй сты рæзгæ фæлтæры курдиат, сæ зонындзинæдтæ æмæ æндæр хъомысдзинад райхалынæн.

Йæ дæлбар программæ у «Фæсивæды экономикон хъомысдзинады райрæзт». Бахастой йæм республикæйы фæсивæдон амалхъомдзинады фарсхæцæг 25 мадзалы.

Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у фæсивæды æнгом кæнын инновацион æмæ наукон-сфæлдыстадон куыстмæ.

Битарты Вячеслав загъта, цæттæ кæй у, кусæг къордмæ фæкæсын, цæмæй ныронг хуыздæрырдæм цы ивддзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдоныл дарддæр дæр кусой.

Фембæлды рæстæг ныхас цыд нæ республикæйы архайдыл Цæгат-Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-ы. Уый уыдзæн 10-æмæй 26-æм августмæ. Ацы аз фыццаг хатт арæзт цæудзæн онлайн-бастдзинады фæткмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania