филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:05 вторник, 16 декабря 2025
14 октября 2019, 12:30
Цæгат Ирыстоны байгом Таймазты æфсымæрты номыл спортивон хъæбысхæсты центр

Кадджын мадзалмæ ссыдысты Олимпаг хъæзтыты 50 архайæджы. Æдæппæтæй центры бынат уыдзæн 30 сывæллонæн.

Цæгат Ирыстоны байгом Таймазты æфсымæрты номыл спортивон хъæбысхæсты центр. Кадджын мадзалмæ ссыдысты Олимпаг хъæзтыты 50 архайæджы. Æдæппæтæй центры бынат уыдзæн 30 сывæллонæн. Центры нысан у фидæны дунейы æмæ олимпаг чемпионты бацæттæ кæнын. Клуб байгомы кæныны кадæн ма сарæзтой турнир дæр. Архайдтой дзы командæтæ Цæгат Ирыстонæй, Дагестанæй, Сомихæй, Азербайджанæй, Кæсæг-Балхъарæй.

Спортивон хъæбысхæсты центр æцæг лæвар у, ацы спорты хуызы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн. Æвзонг хъæбысхæцджыты курдиат раргом кæнынæн ахæм базæтæ æнæхъæн Уæрæсейы стæм сты. Таймазты æфсымæртæ ацы хъуыддагмæ лæмбынæг бацыдысты. Центр ифтонг у æппæт кусæнгæрзтæй, æрмæст дзы хъæуы фæллой кæнын.

Ныронг лагеры тренировкæтæ кæны 30 адæймаджы. Сты, алы районты спортивон скъолатæ сæ ныфс кæуыл дарынц, ахæмтæ. Центры хуыздæр хъомылгæнинæгтæ исдзысты стипенди, фæлæ хæстæгдæр рæстæг стыр æнтыстдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсын раджы у.

Центры ис æппæт фадæттæ, цæмæй рæзгæ фæлтæры цæттæ кæной егъау æппæтдунейон ерыстæм.

Спортивон центр байгом кодтой кадджын мадзалæй, уыимæ ма дзы сарæзтой Æппæтуæрæсеон гом турнир дæр. Архайдтой дзы 8 командæйы нæ бæсæтйы алы регионтæй. Фæуæлахиз сты фысымтæ – «Taymazov team». Дыккæгтæ уыдысты Махачкалайы хъæбысæй хæцæджытæ, Цæцæны командæ та æртыккæгтæ. Кубоктæй фæстæмæ хорзæхгонд æрцыдысты лæвæрттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania