08 февраля 2022, 12:32
Цæгат Ирыстоны бархионтæ æххуыс кæнынц поликлиникæты дохтыртæн хостæ коронвирусæй рынчынтæм хæццæ кæныны хъуыддаджы
Раздæр-иу сыл уагдоны кусджытæ сæхæдæг æмбæлын кодтой препараттæ
Цæгат Ирыстоны бархионтæ æххуыс кæнынц горæты поликлиникæты дохтыртæн хостæ коронвирусæй рынчынтæм хæццæ кæныны хъуыддаджы. Раздæр-иу сыл уагдоны кусджытæ сæхæдæг æмбæлын кодтой препараттæ. Ныр эпидимиологон уавæр кæй февзæрдæр, уый тыххæй та дохтырты бахъуыд бархионты æххуыс. Ныр дæр, амбулаторон уагæй кæй дзæбæх кæнынц, ахæм 13 бинонтæн бахастой хостæ. Ахæм æххуыс, бархионтæ кæнынц æрвылбон дæр. Рæстæмбис нымадмæ гæсгæ 20 бинонты онг райсынц медикаменттæ алы бон дæр. Акцимæ йе вæрæн бахаста парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур.
темæмæ гæсгæ