Премьер йе ргом аздæхта, продукци кæм уæй кæнынц æмæ бизнес кæм архайы, республикæйы æппæт уыцы фæзты æнæзакъонæй чи кусы, уыдоны раргом кæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттæ снысан кæнын кæй хъæуы, уымæ
Цæгат Ирыстоны базарады аууон сектор къаддæр кæныны фарстатæм æркастысты, Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Архайдтой дзы министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ, Уæрæсейы банчы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг, районты сæргълæуджытæ, базарты минæвæрттæ. Премьер йе ргом аздæхта, продукци кæм уæй кæнынц æмæ бизнес кæм архайы, республикæйы æппæт уыцы фæзты æнæзакъонæй чи кусы, уыдоны раргом кæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттæ снысан кæнын кæй хъæуы, уымæ. Базарадон фæзты æмæ уæйгæнæн центрты фидæн æрзылд хъуамæ уа æнцонвадат æмæ æргом. Уый хауы культурæйы объектты æмæ туризмы къабазы бизнесмæ дæр. Уый у, оперативонæй кæй сæххæст кæнын хъæуы, ахæм ахсджиаг куыст. Регионы разамонæг Сергей Меняйло сæвæрдта хæс – бизнесæн æххуыс кæнын. Æмæ, æнхъæлмæ кæсæм, бизнес дæр æргомæй кæй кусдзæн, уымæ, загъта Дзанайты Барис. Экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоров фехъусын кодта, ведомствæты хсæн профилон республикон къамисы ацы фарстайыл кæй архайы сæрмагонд къорд. Премьер бахæс кодта, йæ хыгъд сбæлвырд кæнын æмæ куыстмæ бавналын. Куыд загъта, афтæмæй сæйраг хæс у, фæлхасгæнджытæн æнцонвадат уавæртæ саразын, æмæ цæмæй товартæн фидгæйæ, рады бирæ рæстæг ма лæууой, æнæ гæххæттын æхцатæй бафидыны фадат кæй нæй, уый тыххæй.




