филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:20 среда, 17 декабря 2025
24 июля 2024, 11:37
Цæгат Ирыстоны базылдысты ацы азмæ нысангонд 39 æхсæнадон фæзæй 12-мæ

Куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Цæрæнуат æмæ горæты тыгъдад»-мæ гæсгæ

Цæгат Ирыстоны базылдысты ацы азмæ нысангонд 39 æхсæнадон фæзæй 12-мæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект «Цæрæнуат æмæ горæты тыгъдад»-мæ гæсгæ. Ноггонд территориты *хсæн Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы æфсæнвæндаг вагзалы раз, стæй Владикавказскийы æмæ Хъесаты Астаны уынгты тигъыл фæлладуадзæн зонæтæ. Базылдысты ма Уæллаг Фыййагдоны Дзтиаты Юрийы уынджы бульвармæ æмæ Алагиры Островскийы уынджы спортивон фæзмæ. Уымæй дарддæр, фæзынд ног спортивон фæзтæ Мичуриныхъæуы æмæ Фыййаджыбылы. Кировы районы саив кодтой территоритæ Елхоты, Даргъ-Къохы, Ставд-Дурты æмæ Змейкæйы. Мæздæджы районы фесты куыстытæ районы центры Октябры 50 азы фæзы скверы æмæ Хъызлары парчы зонæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania