филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:18 понедельник, 13 мая 2024
12 апреля 2022, 12:16
Цæгат Ирыстоны дæр куыстой æвзарæн участоктæ

Сихормæ æвзарæн урнæтæм æрбацыд мин æмæ 500 адæймаджы онг.

Цæгат Ирыстоны дæр куыстой æвзарæн участоктæ. Сихормæ æвзарæн урнæтæм æрбацыд мин æмæ 500 адæймаджы онг. Афтæмæй равдыстой сæ фæндон, Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты хъуыддаджы. Уæвгæ та Дзæуджыхъæуы райсомы 8 сахатыл байгом кодтой 2 æвзарæн участоччы. Иу куыста Леоновы уынджы фæсивæды Галуаны, иннæ та Металлургты культурæйы Галуаны, Иристонскийы уынджы. Сæ граждайнаг цæстæнгас равдисын бирæты бафæндыд. Участоктыл кусæг æвзарæн хайæдты къамисты уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, уыйбæрц адæммæ не нхъæлмæ кастысты. Сихоры 12 сахатмæ Металлургты культурæйы галуаны схъæлæс кодтой 850 адæймагæй фылдæр. Ныртæккæ Уæрæсейы территорийы чи ис, иу уыйбæрц Хуссар Ирыстоны цæрæджы ма уыдысты иннæ æвзарæн участоччы дæр. Æвзарæн къамисты уæнгтæ куыд радзырдтой, афтæмæй адæмы бирæ æнхъæлмæ кæсын кæй хъуыди, уый баст уыд æдасдзинады мадзæлттимæ æмæ хъæлæс кæныны регламент кæй æххæст кодтой, уыимæ.

Уыцы бон уæлдæфы температурæ уыди 20 градусæй уæлдæр. Уымæ гæсгæ, æнхъæлмæ чи касти, уыцы адæмы æнцойдзинадæн равæрдтой цатыртæ, стæй сын лæвæрдтой уазал дæттæ. Фæткæвæрдмæ æмæ æвзарæн хæйтты æдасдзинадмæ сæ цæст дардтой Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад сæ хуссарирыстойнаг æмкусджытимæ. Æвзарæн хæйтты уыдысты кандидатты хæдбар цæстдарджытæ, бюллетентыл къухфыст сæвæрыны бар кæмæн ис, ахæм адæм, стæй æвзарæн къамисты уæнгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania