филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:37 понедельник, 15 декабря 2025
22 июля 2025, 11:42
Цæгат Ирыстоны дæрддæр цæуынц фæззыгæнд культурæты æфснайæн куыстытæ

Рахизфарсы районы хæдзарадтæй иу сæмбырд кодта тыллæджы 90 %

Цæгат Ирыстоны дæрддæр цæуынц фæззыгæнд культурæты æфснайæн куыстытæ. Рахизфарсы районы хæдзарадтæй иу сæмбырд кодта тыллæджы 90%. Фермæртæн сæ зæрдæ райы сæ куысты хатдзæгæй. Мæнæу бакодтой сæдæ дæс гектары.  Ныр дзы иу гектарæй исынц  5 тоннæйы æмæ рдæг. Мæйы кæронмæ йæ фæнд кæнынц æххæстæй бафснайын. Дарддæр та æрцæудзæн лыстæг гæн æмæ нартхоры рæстæг. Ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.

Иу гектарæй – мæнæуы 55 центнеры. Ахæм тыллæг æфснайы Рахизфарсы районы хæдзарæдтæй иу. Куыстытæ райдыдтой июны. Алы бон дæр дзы кусы дыууæ комбайны. Мæнæу бацахста 110 гектары. Бафснайдтой дзы сæ 90 проценты. Рахизфарсы районы раззаг агроном Туаты Зелимханы ныхæстæм гæсгæ,  иннæ азтимæ абаргæйæ, ацы аз тыллæг фылдæр у.

Бакодтой мæнæуы дыууæ хуызы. Рагæй нымад сты, бæрзонд тыллæг чи дæтты, ахæмтыл. Рапс æмæ мæнæу сты районы сæйраг культурæтæ. Ахсынц 5,5 гектары. Уыдонæй уæлдай ма хæдзарады зайы нартхор æмæ лыстæг гæн. Уыдон æфснайдзысты фæстæдæр.

Рахизфарсы районы фæззыгæнд культурæтæ æфснайд фæуыдзысты мæйы кæрон. Фæстæдæр та æрцæудзæн лыстæг гæн æмæ нартхоры рæстæг. Æмæ уæд зæхкусджытæ бавналдзысты уалдзæгмæ цæттæ кæныны куыстытæм. Æдæппæтæй Рахизфарсы районы мæнæу ахсы 4 мин гектары. Ныридæгæн сæмбырд кодтой тыллæг 2 мин тоннæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania