Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ сывæллæттæн радтой республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Парламенты сæрдары нæмттæй лæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæст кæнынц акци «Бæллицты заз бæлас». Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ сывæллæттæн радтой республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Парламенты сæрдары нæмттæй лæвæрттæ. Мадзал арæзт æрцыд «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады. 6 аздзыд Алинæйы бæллиц сæххæст кодтой æмæ йын балæвар кодтой синтезатор. 9 аздзыд Арсенæн та – боксеры æрмкъухтæ æмæ къухылтухгæ бинт. Уæдæ бахъæлдзæг кодтой 11 аздзыд Сæрмæты дæр. Йæ зæрдæ йын балхæдтой нывгæнæн фæрæзтæй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ сывæллæттæн бацæттæ кодтой адджинæгтæ дæр. Акци «Бæллицты заз бæлас»-ы фæлгæты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ мæйы кæронмæ барæвдаудзысты, сæ бæллицтæ фыстæджы чи раргом кодта, уыцы сывæллæтты.




