Йæ фæрцы республикæйы цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц хъæлæс кæныны æппæт хъуыддæгтæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы проект «Информ УИК». Йæ фæрцы республикæйы цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц хъæлæс кæныны æппæт хъуыддæгтæ. Уымæй дарддæр сын дзурынц æвзæрстыты бæлвырд хабæртты тыххæй. Ома – кæд, кæм æмæ цы хуызы цæудзысты, уый. Тъехты Элинæ радзурдзæн бæстондæр хабæрттæ.
Тотойты Ларисæ 5-æм аз у æвзарæн участочы къамисы уæнг. Уæрæсейы цы æвзæрстытæ цæудзæн, уый агъоммæ царды рауагътой проект «ИнформУИК». Æмæ дзы архайы Цæгат Ирыстон дæр. Æвзарæн къамисты уæнгтæ зилынц хæдзæрттыл. Сæ сæйраг хæс – хъæлæсгæнджытæм цы фарстатæ сæвзæры, уыдонæн бæстон дзуапп раттын.
Æвзарæн участокты къамисы уæнгтæ адæмæн æмбарын кæнынц æвзæрстыты фæткы тыххæй. Кæцы бонты æмæ цафон схъæлæс кæнæн ис, стæй хъæлæсгæнæн фæрæзты тыххæй дæр. Алы административон участочы дæр цæры 2 мин адæймаджы онг. Проект «ИнформУИК» арæзт æрцыд, цæмæй хъæлæстгæнджытæн цы æнцонвадат уавæртæ сарæзтой, уыдоны тыххæй фылдæр адæм базоной.
Къамисы уæнгтыл ис сæрмагонд уæлæдарæс æмæ æвдисæндартæ. Æппæтуæрæсеон проект «ИнформУИК» йæ тыхы бацыд 17-æм февралы æмæ кусдзæн 7-æм мартъийы онг. Специалисттæ æвзæрстыты фæткы тыххæй дзурынц республикæйы æппæт районты цæрджытæн.




