филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:09 четверг, 02 мая 2024
13 октября 2022, 11:26
Цæгат Ирыстоны дарддæр арæзт цæуынц скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæттæ

280 сабийы рæвдауæндоны бынæттæй сифтонг кæндзысты Заводскойы

Цæгат Ирыстоны дарддæр арæзт цæуынц скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæттæ. Афæдзы райдианæй нырмæ йæ дуæрттæ сабитæн байгом кодтой 4 рæвдауæндоны. Афæдзы кæронмæ ма ноджыдæр байгом кæндзысты 6. Афтæмæй, иу азмæ бынæттæ фæзындзæн 1840 сывæллонæн. Уыдонæй 280 сабийы рæвдауæндоны бынæттæй сифтонг кæндзысты Заводскойы. Байгом æй кодтой кадджын уавæры. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Рæвдауæндоны, фыццаг бонæй фæстæмæ сывæллæттæ сæхи æнкъарынц куыд хи хæдзары, афтæ. Сабитæн дæр æмæ ныййарджытæн дæр рæвдауæндоны байгом у бæрæгбонау. Ацы цаумæ Заводскойы цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты рагæй. Фыццаг æрбакъахдзæфæй дæр сæм баззади æгæрон æхсызгон æнкъарæнтæ. Рæвдауæндон у хæстæг, стæй дзуапп дæтты æппæт домæнтæн, райдзаст æмæ алцæмæй ифтонг объект.

Райдзаст агъуыстытæ, спортивон зал, бирæ тренажертæ, нырыккон хæринаггæнæн блок æмæ бассейн. Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон ифтонг у инновацион æмæ æнæмæнг хъæугæ кусæнгæрзтæй. Объект байгом кæныны кадджын мадзалы уазджыты хсæн республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Æркасти æмæ аргъ скодта куыстытæн.

Рæвдауæндон у 280 бынатæн. Æдæппæтæй дзы уыдзæни 15 къорды, уыдонæй 5 æппæты кæстæр кары къордтæ. Сабитæн дзы ис алы уавæртæ. Семæ кусдзысты фæлтæрдджын хъомылгæнджытæ, профессионалон педагогтæ, стæй хицæн специалисттæ: логопед, психолог æмæ æндæртæ. Арæзтадон куыстыты рæстæг стыр æргом здæхт æрцыди бæстыхайы территоримæ. Рæвдауæндоны разамынд куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæтты райрæзты ахсджиаг у сыгъдæг уæлдæфы архайын семæ.

Скъолайы агъоммæйы ног ахуыргæнæндонмæ ныридæгæн гæххæттытæ радтой 125 сывæллонæн. Ныртæккæ ма поселочы арæзт цæуы ноджыдæр иу рæвдауæндон. Уый дæр уыдзæни 280 бынатæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania