Адæмон æвзæрстытæ цæуынц хæрзвадат горæты тыгъдады программæмæ гæсгæ
Уыимæ, Цæгат Ирыстоны дарддæр хъæлæс кæнынц, саив кæнын кæй хъæуы, уыцы территоритыл. Адæмон æвзæрстытæ цæуынц хæрзвадат горæты тыгъдады программæмæ гæсгæ. Æппæты фылдæр хъæлæстæ чи райса, уыцы æхсæнадон бынæттæ саив кæндзысты иннæ аз. Дзæуджыхъæуы æвзæрстыты равæрдтой 32 бынаты. Уыдонæй уал ныридæгæн æппæты фылдæр хъæлæстæ æрæмбырд кодта Фæскомцæдисонты парк. Дыккаг бынаты ис Владикавказскийы æмæ Хъесаты Астаны уынгты тигъ, æртыккаг бынаты та зæронд Доны станцæ Пожарскийы уынджы. Алагиры районы цæрджытæн сæ фылдæр хъæлæстæ радтой Уæллаг Фыййагдоны бульвары проектæн, Æрыдоны районы та Мичурины æмæ Фыййаджыбылы сывæллæтæн хъазæн фæзтæ саразыныл. Мæздæджы районы цæрджыты фæнды, цæмæй базилой хæстонты сквермæ, Æрæфы районы та фылдæр хъæлæстæ æрæмбырд кодта Лескены хъæумæ бацæуæны проект. Æвзæрстытæ цæудзысты 31-æм маймæ. Архайыны бар дзы ис алы адæймагæн дæр, цыппæрдæс азæй уæлæмæ. Хъæлæс радтæн ис паддзахадон лæггæдты сайты.




