Кæд æмæ Эльбрусыл видеокамерæйы цæст нал æрхæцыд, уæддæр Волна йæхи тынг хорз æнкъары уагъдибар царды
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæстдард цæуы, фарон Сочийы леопардты хуыз парахат кæныны центрæй цы сырдты сластой, æмæ æрдзы хъæбысмæ кæй ауагътой, уыдоны хъысмæтмæ. Кæд æмæ Эльбрусыл видеокамерæйы цæст нал æрхæцыд, уæддæр Волна йæхи тынг хорз æнкъары уагъдибар царды. Раззагазиаг леопардты хуыз Цæгат Ирыстоны парахат кæнын у -царды æххæстгонд чи цæуы, ахæм проект, æмæ ма хæстæгдæр рæстæг æрдзмæ рауадздзысты ноджыдæр 3 стайы. Куыд райдыдта ацы программæ, æмæ дарддæр цы куыст цæудзæн, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Леопардты хуыз парахат кæныны сочийаг центрæй Эльбрус æмæ Волна фыццаг хатт уæгъдибар царды ад бамбæрстой ам, Ирыстойнаг зæххыл. Афæдзы размæ национ парк «Алани» йæхимæ райста хæс сырдты æрдзы хъæбысмæ рауадзын æмæ сæм цæстдарын.
Проект царды рауадзыныл архайд цæуы 2015-æм азæй фæстæмæ, уæд Джызæлдоны гидроэлектростанцæйы видеокамерæйы цæст æрхæцыд хъæддаг гæдыйыл. Ахуыргæндтæ раиртæстой, уый раззагазиаг леопард кæй у. Уый фæстæ Русгидройы филиалы æххуысæй куыст райдыдта, цæмæй цæрæгой ногæй ам парахат кæна.
Фарон зымæджы хъæддаг сырдтæй иу – Эльбрус фесæфт. Ахуыргæндтæ æмæ волонтертæ цалдæр хатты сарæзтой агурæн мадзæлттæ, фæлæ дзæгъæлы.
Фæлæ уæддæр ис ныфс Эльбрусы кæй ссардзысты. Хæрзæрæджы ахæм сырд федтой Хуссар Ирыстоны фæзуатыл, гæнæн ис æмæ у Эльбрус, стæй иунæг кæй нæу.
Раздæр тæссаг уыд, сырдтæ ног æрдзы уавæртæн кæй нæ бафæраздзысты, стæй æрдзон уавæрты хæринаг сын куы нæ фæпайда уа, фæлæ специалистты хъуыдымæ гæсгæ уый сын рæстмæ дæр ма фæцис.
Уымæй уæлдай адæм тарстысты, леопардтæ сын сæ фос куы бахъыгдарой, фæлæ сæм хæстæг нæ бацыдысты.
2018-æм азы цы сырдты рауагътой, уыдонæн ма тагъд рæстæг фæзындзæн 3 ног æмбалы. Фæлæ уал уый агъоммæ хъуамæ сбæрæг кæной, цæттæ сты æрдзы хъæбысы цæрынмæ æви нæ, уый.




