филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
26 августа 2021, 11:31
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæттæ кæнынц адæмы Æппæтуæрæсеон æрфыстмæ

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæудзæн 15 октябрæй – 14 ноябры онг

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæттæ кæнынц адæмы Æппæтуæрæсеон æрфыстмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæудзæн 15 октябрæй – 14 ноябры онг. Фæлæ ныр традицион анкетæтæ баивдзысты нырыккон технологитæ. Мобилон фæрæзтæ самал кодтой мин æмæ рдæджы онг. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ адæмы æрфыст цæуы алы 10 азы. Бацархайæн дзы уыдзæн куыд хæдзары, афтæ бирæвæрсыг центрты «Паддзахадон лæггæдты» порталы уылты. Нæ уацхæссæг Бокоты Виктория базыдта фылдæр хабæрттæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Бирæ анкетæты æмæ уæззау хызынты бæсты – нымæцон технологитæ. Цæгат Кавказы статистикæйы Управленийы цæттæ кæнынц планшеттæ, фæззæджы цы адæмы Æппæтуæрæсеон æрфыст цæудзæн, уымæ. Цæмæй раздæры азтимæ абаргæйæ, куыст фенцондæр уа, уый тыххæй ныридæгæн балхæдтой иу мин æмæ фондз сæдæ (1500) мобилон кусæнгарзы.

Ацы азы фынддæсæм (15) октябрæй фæстæмæ алкæмæн дæр фадат уыдзæн йæ фæд историйы ныууадзынæн. Уæвгæ, æрфыст паддзахадæн у рагон æмæ зонгæ фæрæз, бæстæйы цæрджыты социалон-экономикон царды тыххæй базонынæн. Уыимæ ма æрфысты хатдзæгтæ бæрæг фæдарынц нæ бæстæйы фидæныл.

Дзæуджыхъæуы куыст дæттыны комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй бацæттæ кодтой цыппар сæдæ  (400) куысты бынаты æрфысджытæн æмæ цæстдарджытæн. Бафиддзысты сын æстдæс мин (18) сомы. Нырыккон технологиты фæрцы адæмы æппæтуæрæсеон æрфысты хатдзæгтæ бацæттæ кæндзысты æмæ сæ ныммыхуыр кæндзысты дыууæ мины дыууын дыккæгæм азы (2022). Раздæр та-иу уыцы куыстыл ацыди цалдæргай азтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania