филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:53 понедельник, 20 мая 2024
07 мая 2024, 15:56
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæттæ кæнынц Уæлахизы бон сбæрæг кæнынмæ

Сæйрагдæр мадзæлттæй иу – акци «Сæ цæсгæмттæн сын бакæс»

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæттæ кæнынц Уæлахизы бон сбæрæг кæнынмæ. Сæйрагдæр мадзæлттæй иу – акци «Сæ цæсгæмттæн сын бакæс». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты портреттæ 9-æм майы агъоммæ бакодтой уынгты æппæт рекламон конструкцитыл. Акцийы фыццаг бонты курдиæттæ балæвæрдтой республикæйы 10 мин адæймагæй фылдæр. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ ацы аз аивта ветеранты портреттæ æвæрыны принцип. Иу баннерыл фенæн ис дыууæ, кæнæ фылдæр портреты. Уый баст у уыимæ, æмæ акцийы архайын фæнд чи скодта, уыдон дзæвгар кæй фæфылдæр сты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фыццаг хатт ацы патритотон акци арæзт æрцыд Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ 2021-æм азы. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Журналист æмæ бæстæзонæг Андрей Донченкойы бинонтæ Стахановы уынджы цæрынц дæсгай азты дæргъы. Ацы аз сфæнд кодта патриотон акцийы бацархайын. Уыимæ уæрæхгонд хуызы. Андрей сæмбырд кодта, ацы уынджы цæрæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æппæт архайджыты портреттæ. Сæ фылдæры зыдта, гыццыл лæппу ма куы уыди, уæд. Уымæ гæсгæ йын акцийы бацархайын уыди тынг ахсджиаг.

Акци “Сæ цæсгæмттæн сын бакæс” Цæгат Ирыстоны цæуы цыппæрæм аз. Уыцы хъæппæрис расидт республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Акцимæ бæстон цæттæ кæнынц алы аз дæр. Ацы хатт курдиат бадæттæн уыди къуырийы дæргъы, æмæ сæ хъæбатырты портреттæ рекламон конструкцитыл бакæнын. Уыимæ лæвар. Дзæуджыхъæуы æдæппæтæй бакодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты 7000 портретæй фылдæр. Уыцы къамтæ горæт аив кæндзысты 15-æм майы онг. Акцийы архайынц æппæт рекламон агентадтæ æмæ типографитæ. Куыст бирæ. Ахсджиаг у иу рæдыд дæр не руадзын.

Ныр, 79 азы фæстæ ногæй æрлæууыдысты раст рæнхъыты. Сæ портреттæ, канд номарынæн не сты. Уый у, ныртæккæ чи цæры, уыдонæй алкæйы хæс дæр. Хъæбатырты цæсгæмттæм кæсгæйæ, уæлдай тынгдæр банкъары адæймаг – цы лæгдзинад, ныфс æмæ уды хъару равдыстой ацы хъайтартæ, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania